Æлборты Алан ауагъта йæ фыццаг рабадт Хуссар Иры парламенты спикеры бынаты

© Sputnik / Natalia AiriyanÆлборты Алан
Æлборты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы цыппæрæмы ацыд республикæйы парламенты æстæм сессийы дыккаг рабадт. Æлборты Аланæн уый уыд фыццаг рабадт закондæттæг органы спикеры бынаты. Боны фæткмæ рахастæуыд æхсæз фарсты.
Фыццаг фарст хаудта Республикæ Хуссар Ирыстоны законы проект "Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады паддзахадон граждайнаг службæ цæуыны лыстæгдзинæдты фæдыл". Законы проект райстæуыд æмхъæлæсæй.
Аннæ æртæ фарсты бакаст вице-спикер Гасситы Петр. Уыдон уыдысты техникон фарстытæ æмæ хаудтой ногæвзæрст спикеры куыстмæ. Депутаттæ æмхъæлæсæй аскъуыддзаг кодтой ссæрибар кæнын Æлборты Аланы сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæрдары бынатæй. Афтæ ма сфидар кодтой экономикæ, амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты ног сконд, афтæ ма Мандатон къамисы ног сконд дæр.
Ӕлборты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2022
Хуссар Иры парламенты президиум ссӕрибар кодта Ӕлборты Аланы комитеты сӕрдары бынатӕй
Мандатон къамисы ног уæнгæй Æлборты Алан банхъардта Уалыты Ибрагимы. Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы кандидатурæйыл.
Уымæй дарддæр республикæйы парламент æркаст Хуссар Ирыстоны Национ банчы директорты советы уæнгтæ снысан кæныны фарстмæ. Уый бакаст бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты разамонæг Джиоты Елена. Уый фæстиуæгæн, Нацбанчы ног уæнгæй равзæрстой Тедеты Фатимæйы.
Сæйраг боны фæткы фæстæ депутаттæ æркастысты ноджы къорд фарстмæ. Сæ нымæцы, бензины æрбаласт горæт Къаисамæ, донифтонгады проблемæ республикæйы цалдæр хъæуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0