Цхинвалы цӕгаттаг кӕрон ныссадздзысты нӕзыджын хъӕд

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæТалатӕ
Талатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Хъӕды хӕдзарады тыхтӕй Мӕскуыйаг микрорайоны сӕрмӕ ныссадздзысты нӕзыджын хъӕд, кӕцы рӕсугъддзинадӕй дарддӕр дӕтдзӕн сыгъдӕн уӕлдӕф ӕмӕ суыдзӕн улӕфӕн къуым, фехъусын кодта Sputnik управленийы хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.
Ныридӕгӕн уагдон фидар кӕны бадзырдтӕ талатӕ самал кӕныны фӕдыл. Фӕззынгон тала садзыны рӕстӕг у октябрь-ноябрь.
"Къуернеты хъӕу ныр у горӕтгӕрон территори, хӕрз хӕстӕг у "Мӕскуыйаг" микрорайонмӕ. Уым хъуамӕ Тулдзы къохы ӕнгӕс нӕзыджын хъӕд схъомыл кӕнӕм. Нырмӕ уал байтыдтам хъырымаг нӕзыты 3 мин талайы ӕмӕ та сӕ ацы фӕззӕджы ноджы баххӕст кӕндзыстӕм", - загъта Чилӕхсаты Таймураз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бынаты бӕлӕстӕ сӕндидзын кӕнынӕн ис алы уавӕртӕ дӕр.
"Ацы бынатыл цӕуы Цъунары хъӕумӕ донхӕры канал. Уымӕй мах кӕсӕм таламӕ фыццаг рӕстӕг. Ам нӕзыджын хъӕд куы сырӕзт, уӕд горӕтӕн дӕтдзӕн сыгъдӕг уӕлдӕф ӕмӕ рӕсугъддзинад" ,- бахахх кодта уагдоны сӕргълӕууӕг.
Талабӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2022
Хуссар Ирыстоны ӕрдз ацы аз баххӕст уыдзӕн дӕс мин талайӕ
Ацы фӕндӕй дарддӕр ма уагдон кусы Цхинвал-Ленингоры трассӕ бӕлӕсты хъӕбысы бакӕныныл.

"Фӕндаджы арӕзтады рӕстӕджы зӕххы ӕвӕрд бахъыгдард ис ӕмӕ йын тӕссаг у лӕбырдтӕй. Уымӕй бахизыны нысанӕн хъӕуы фӕндаггӕрон ныссадзын бӕлӕстӕ. Уым та садздзыстӕм сырх тулдзы тала ӕмӕ йӕ гуыркъо. Уыдон ласӕм Цӕгат Ирыстонӕй", - бафтыдта уый.

Чилӕхсаты Таймураз ма куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы нырма бирӕ архайын, уый тыххӕй ӕмгуыст кӕнынц Хуссар Ирыстоны экологикон организаци "Зеленая Алания" ӕмӕ уӕрӕсейаг профилон уагдӕттимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0