Уӕлахизтӕ ӕмӕ хуыздӕр боксеры ном: Хуссар Иры спортсментӕ расгуыхтысты Абхазы турниры

© Из архива тренера А. ЛолоеваХуссар Иры спортсментӕ расгуыхтысты Абхазы турниры
Хуссар Иры спортсментӕ расгуыхтысты Абхазы турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы дыууӕ минӕвары рамбылдтой ӕхсӕнадӕмон турнир Абхазы, кӕцы нывонд уыд спорты мастер, Леоны ордены кавалер Георгий Блабы номӕн.
Сызгъӕрин майдантӕ рамбылдтой Дменисы секцийы минӕвар Лолоты Сергей ӕмӕ Тыбылты Александр. Дыккаг ма уӕлахизӕй дарддӕр нымад ӕцыд ерысты хуыздӕр боксерыл дӕр.
"Тыбылты Александр нырма цыбыр ӕмгъуыд цӕуы спортмӕ. Райдыдта Дзауы боксы секцийӕ, стӕй йӕ нӕхимӕ ракодтам. Турниры йӕ тохтӕй дыууӕ ахицӕн кодта фыццаг раундты. Тынг ӕвзыгъд у, ӕнӕзивӕг, тренировкӕтӕм цӕуы Дзауӕй, фӕлӕ дзы иу дӕр никуы рауадзы. Турнирмӕ ацӕуынӕн та йын финансон ӕххуыс бакодта районы спорты гӕс Джиоты Алик ", - загъта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.
Дменисы боксы секцийы минӕвӕрттӕй та ӕхсӕнадӕмон турниры расгуыхт Лолоты Сергей, уый ныддӕрӕн кодта 75 кг уӕзы спортсенты ӕмӕ ссис сызгъӕрин майданы хицау.
"Дменисы секцийы цӕттӕдӕр фӕсивӕды акодтам ерыстӕм. Турниртӕм цӕуыны хъуыддаджы нын ӕппынӕдзух ӕххуыс кӕны нӕ хъӕуӕй рацӕугӕ, Цӕгат Ирыстоны вице-премьер Икъаты Руслан, ныр дӕр уый фӕрцы уыдыстӕм Абхазы", - загъта Дменисы секцийы тренер Лолоты Александр.
Хуссар Иры минӕвӕрттӕ рамбылдтой цыппар майданы Ставрополы
Дменисы боксы секцийы фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц Лолоты Александр ӕмӕ Котолиты Бола. Тыбылты Александр та ис тренер Куымӕридтаты Родионы хъусдарды бын.
Спорты мастер, Леоны ордены кавалер Георгий Блабы номыл ӕхсӕнадӕмон турнир цыд Пицундайы 2-8 октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0