Районы хистæры лæвар: Дзауы сабитæн равдисдзысты аргъау

© Sputnik / Наталья АйриянРайоны хистæры лæвар: Дзауы сабитæн равдисдзысты аргъау
Районы хистæры лæвар: Дзауы сабитæн равдисдзысты аргъау 
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администрацийы сæрдар Тыбылты Вандæйы фæхуындмæ гæсгæ районы сабитæн радисдзысты падзахадон театры репертуарæй аргъау "Домбай гæды", фехъусын кодтой Sputnik паддзахадон театры пресс-службӕйы.

"Аргъау æвдыст цæудзæн 15 октябры Дзауы, цыппар сахатыл. Уый у районы сабитæн администрацийы хистæр лæвар", - загътой уагдоны.

Аргъау "Домай гæды" сæвæрдта æвзонг режиссер Хъотайты Сæрмæт Павел Морозовы пьесæ "Лев Васька"-мæ гæсгæ, æвзонг режиссерæн уый у йе 'ртыккаг режиссерон куыст æмæ дыккаг аргъау. Уымæй размæ ма уый бацæттæ кодта комеди "Ӕфсин" æмæ аргъау "Тæрхъусы амонд". Ӕрмæг ирон æвзагмæ раивта драматург Тъехты Василий.
Театр фӕуазӕг уыдзӕн Дзаумӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.02.2021
Аргъау ӕмӕ комеди: Хуссар Иры театр фӕуазӕг уыдзӕн Дзаумӕ
Паддзахадон театры репертуары ис цалдӕр спектаклы сабитӕн, сӕ нымӕцы "Домбай гӕды", "Бирӕгъ ӕмӕ тӕрхъустӕ", "Сырх худ" ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0