Сомихы бакодтой уголовон хъуыддаг Хъырымы хидыл срæмыгъды фæдыл

© Photo : Фото очевидцевХъырымы хид
Хъырымы хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik. Сомихы Националон æдасдзинады службæ бакодта уголовон хъуыддаг Хъырымы хидыл срæмыгъды фæдыл, хъусын кæны РИА Новости.
Уагдоны хъусинаджы нысангонд æрцыд, уый размæ ДИФ-ты кæй ныммыхуыр кодтой информаци, ома рæмудзæн æрмæджытæ, кæцытæй спайда кодтой Хъырымы хидыл теракты рæстæджы, уыдысты æмбæхст уæзласæн хæдтулгæйы, кæцыйыл скъæрдта Сомихы æмбæстаг. Уый æрбацыд республикæмæ фæсарæнтæй, уый фæстæ та ацыд Уæрæсемæ.
"Райсгæ информаци басгарыны нысанæн Националон æдасдзинады службæйы фæдагуырды департаменты бакодтой уголовон хъуыддаг "пособничество международному терроризму", "контрабанда взрывчатых веществ через границу ЕАЭС группой лиц по предварительному сговору", æмæ "подделка документов" статьятæм гæсгæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хъырымы хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2022
Уæрæсейы ФÆС фехъусын кодта Хъырымы хидыл теракты организаторы
Нысангонд æрцыд, хъуыддаджы фæдыл кæй ауагътой фæдагурæн æмæ тæрхондонон архæйдтытæ.

"Развæлгъау фæдагуырд дарддæр цæуы, цауы æууæлтæ сбæрæг кæныны нысанæн уагъд цæуынц фæдагуырды æмæ оперативон-агурæн мадзæлттæ, кæцыты хатдзæгтæм гæсгæ Националон æдасдзинады службæ ратдзæн æмбæлон информаци", - фехъусын кодтой уагдоны.

Хъырымы хидыл 8 октябры æрцыд уæзласæн хæдтулгæйы срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн ссыгъдысты авд æртаджы цистернæйы. Фехæлдысты автомобилон фæндаджы дыууæ фадыджы, фæлæ хиды бындуры аркæтæ нæ бахъыгдард сты. Цауы фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы, сæ нымæцы тæрхонгæнæг Мæскуыйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0