Хъырымы хидыл теракты хъуыддаджы фигурантты æрцахстой дыууæ мæйы æмгъуыдмæ

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæХъырымы хид
Хъырымы хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Киеваг районон тæрхондон æрцахста 8 декабры онг Хъырымы хидыл террористон акты фæдыл хъуыддаджы фондз фигуранты, хъусын кæны РИА Новости.
"Знон Киеваг районон тæрхондон Хъырымы хидыл террористон акты фæдыл хъуыддаджы фондз фигурантæн рахаста тæрхон – ахæст дыууæ мæймæ, 8 декабры онг", - банысан кодтой уагдоны.
ФÆС фехъусын кодтой, Хъырымы хидыл теракты организатор у Украинæйы Хъахъхъæнынады министрады Разысгæрсты сæйраг дæлхайады разамонæг Кирилл Буданов, уагдоны кусджытæ æмæ агентурæ.
Хъырымы хидыл 8 октябры æрцыд уæзласæн хæдтулгæйы срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн ссыгъдысты авд æртаджы цистернæйы. Фехæлдысты автомобилон фæндаджы дыууæ фадыджы, фæлæ хиды бындуры аркæтæ нæ бахъыгдард сты. Цауы фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы, сæ нымæцы тæрхонгæнæг Мæскуыйæ.
Хъырымы хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2022
Сомихы бакодтой уголовон хъуыддаг Хъырымы хидыл срæмыгъды фæдыл
Ног хабӕртты лентӕ
0