Хуссар Иры парламент райста закон ЕАЭС Таможнæйон кодексы бадзырдмæ æрбаиу кæныны фæдыл

© Sputnik / Михаил ХасиевРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ дыццæджы рабадтыл æмхъæлæсæй сфидар кодтой законы проект "О действии права Евразийского экономического союза и законодательства Российской Федерации в сфере таможенного регулирования на территории Республики Южная Осетия".
Депутатты æркастмæ фарст рахаста чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдары хæдивæг Къуезерты Арсен.
Республикæйы экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат, кæцы хайад иста парламенты рабадтыл, банысан кодта, законы проект кæй нæ фæивдзæн таможнæйон фиддонтæ, уый та уыдзæн гæнæн саразын ЕАЭС-мæ рахизыны фæдыл протокол райсыны фæстæ.
Законы проект райстæуыд æмхъæлæсæй.
Мæскуыйы 2015 азы марты бафыстæуыд бадзырд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл. Бадзырдмæ гæсгæ, бафыстæуыд документ дыууæ бæстæйы таможнæйон органты интеграцийы фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0