Хуссар Иры срӕвдз кодтой горӕт Къуайсайы хицӕн субъектӕй сфидар кӕныны куыст

© batraz_kachmazovГорӕт Къуайса
Горӕт Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕт Къуайсайы разамынад ног къуыри сараздзӕн ӕнхъарӕн закъондӕттӕг органмӕ, цӕмӕй горӕт Къуаиса фидар ӕрцӕуа куыд Хуссар Ирыстоны хицӕн субъект, фехъусын кодта Sputnik мэр Хуыгаты Алан.
Къуыдаргомы централон цӕрӕн пункт Къуаисайӕн горӕты статус лӕвӕрд ӕрцыд 15 азы размӕ, уӕд шахтерон поселок рацарӕзтой горӕтмӕ, фӕлӕ уӕдӕй нырмӕ не 'нтысы йӕ гӕххӕттытӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын.

"Ныридӕгӕн горӕты статус официалон ӕгъдауӕй сфидар кӕнынӕн куыст срӕвдз кодтам, фӕлӕ Юстицийы министрады мах сӕмбӕлдыстӕм фыццаг цӕлхдурыл. Къуайса Конституцийы куыд хицӕн субъект афтӕ фидар нӕу. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фыццаг къахдзӕф у парламентмӕ куырдиат радтын ӕмӕ йӕ ног къуыри сараздзыстӕм", - загъта горӕты хицау.

Къуайсайӕн ӕмрӕстӕджы цӕттӕ цӕуы йӕ уагӕвӕрды гӕххӕттытӕ.
"Фыццаг этапы у Конституцийы йӕ сфидар кӕнӕм ӕмӕ стӕй дарддӕр архайдзыстӕм. Ног субъект республикӕйы бюджетыл стыр ӕндӕвдад не скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕцыдӕр структурӕтӕ ныр дӕр ис. Сӕ нымӕцы ЦКХ, милицӕйы хайад, пост ӕмӕ ӕндӕртӕ", - бафтыдта уый.
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Цырты баконд, тыхӕвзарӕн ӕмӕ уӕрӕх мадзӕлттӕ: Куыд банысан кӕндзӕн Къуайса йӕ бӕрӕгбон
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног статусы райст зынгӕ фӕрог кӕндзӕн хуымӕтӕг адӕмы цард.

"Горӕт йӕхӕдӕг ис, фӕлӕ йын нӕй ӕмбӕлон структуратӕ. Уый тыххӕй чысыл хъуыддаг ӕмӕ гӕххӕттыты тыххӕй дӕр цӕуын хъӕуы Дзауы администрацимӕ. Нӕй нӕм нӕхи цӕрӕнуатон къамис", - бахахх кодта уый.

Къуайсайы статусы фӕдыл ӕрӕджы дзырд цыд хицауады ӕмбырды дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0