Хуссар Иры МХМ радзырдтой республикæйы криминогенон уавæры тыххæй

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ), аваритæй иуы фæстиуæгæн бахъыгдард иу адæймаг.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 274 фæткхалды.
"Фæткхæлдты хсæн: транспортон фæрæз æнæ документтæй скъæрын – 56, светофоры сырх рухсыл аскъæрын – 45, фæндагон нысæнтты фехæлд – 96", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Афтæ ма республикæйы территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй бæрнмæ æрбаздахтой цыппар адæймаджы.
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2022
Цхинвалы æрурæдтой пенсиисæгæй æхцатæ адавыны зæрдæхсайгæйы
Ног хабӕртты лентӕ
0