Хуссар Иры Генпрокуратурæ барвыста тæрхондонмæ дыууæ уголовон хъуыддаджы

© ГУ МВД по Самарской областиУголовон хъуыддаг
Уголовон хъуыддаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ барвыста тæрхондонмæ æрмæджытæ дыууæ уголовон хъуыддаджы фæдыл – нардуатон организацитæй иуы сæргълæууæг Уалыты Владиславы амарыны фæлвæрды фæдыл æмæ Цхинвалы цæрæг Куымæридтаты Сæрмæтæн уæззау буары цæфтæ æркæныны фæдыл, кæцыты тыххæй уый амард. Уый тыххæй генпрокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей фехъусын кодта президенты æрвылкъуырион рабадтыл тыхон структурæты разамонджытимæ.
Хуссар Иры Генпрокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2022
Хуссар Иры Генпрокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "Водоканал"-ы раздæры директоры фæдыл
Уый размæ Битеты Сергей хъусын кодта, фæдагуырды мадзæлттæ ацы хъуыддæгты фæдыл кæй балхынъц кодтой.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæронбæттæн этапыл сты ноджы цалдæр уголовон хъуыддаджы.
Афтæ ма Битеты Сергей фехъусын кодта, кæй бакодтой уголовон хъуыддæгтæ дыууæ организаци "Дорэкспострой" æмæ "Водоканал"-ы басгæрстты фæстиуджытæм гæсгæ. Уагдон уадзы ацы хъуыддæгты фæдыл фæдагуырды мадзæлттæ.
Уыимæ иумæ Генпрокуратурæ барвыста контролон-нымайæн палатæмæ домæнтæ, цæмæй ауадзой ацы куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайды багæрст.
Ног хабӕртты лентӕ
0