Хуссар Иры культурӕйы министрад ауадздзӕн афӕлгӕст хӕдахуыр сфӕлдыстадон къордтыл

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры культурӕйы министрад ауадздзӕн афӕлгӕст хӕдахуыр сфӕлдыстадон къордтыл
Хуссар Иры культурӕйы министрад ауадздзӕн афӕлгӕст хӕдахуыр сфӕлдыстадон къордтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Культурӕйы министрад сахуыр кӕндзӕн республикӕйы аивады фадыджы хӕдахуыр коллективты ӕмӕ сфӕлдыстадон баиугӕндты фадӕттӕ ӕмӕ ӕмвӕзад. Уый нысанӕн ноябры ацӕудзӕн аивадон хӕдархайды къордтыл афӕлгӕст, радзырдта Sputnik министры хӕдивӕг Мамиты Григорий.
Мадзал нысан у 19 ноябрьмӕ, ӕрфысым ӕй кӕндзӕн паддзахадон киноконцертон зал "Чермен".

"Культурӕйы министрады дӕлбар рухсад ӕмӕ культурӕйы уагдӕтты нӕ фӕнды фенын нывкӕнӕн, вокалон ӕмӕ хореографион аивады ӕмвӕзад. Мах фӕнды, цӕмӕй алкӕцы хъӕууон клуб ӕмӕ культурӕйы хӕдзар дӕр йӕхи тыхтӕй йӕ бон уа саразын мадзал ӕмӕ ӕдзух хуынд стъалытыл ма ӕнцой кӕной", - загъта уый.

Афӕлгӕсты хицӕнӕй аргъ кӕндзысты вокал, декоративон аивад, инструменталон музыкӕ, нывкӕнынад, театралон ӕмӕ хореографион аивадӕн.
Адӕмон сфӕлдыстады центр хоны конкурстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2019
Дыууӕ фестивалы: Адӕмон сфӕлдыстады центр хоны конкурстӕм
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, разӕлгъау бабӕрӕг кодтой сӕ дӕлхайӕдтӕ ӕмӕ уавӕр бынтон нывыл нӕ разынд.
"Ацы афӕлгӕстӕй фӕстӕмӕ суанг уалдзӕджы онг цӕудзӕн куыст ӕмӕ стӕй алкӕцы район дӕр йӕ коллективты тыхтӕй хъуамӕ радтой концерттӕ иу сахат ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц. Уый фӕстӕ та майы фӕнд кӕнӕм ауадзын районты культурӕйы бонтӕ, фондз боны дӕргъы столицӕйы цӕудзӕн изӕры - концерттӕ, бонӕй та равдысттӕ, армукъатӕ. Иу бон нывонд уыдзӕн иу районӕн", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0