Хуссар Иры уӕлбар категоритӕн медикаменттӕн хицӕн ӕрцыд уӕлӕмхасӕй фӕрӕзтӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлӕмхас финансон фӕрӕзтӕ 10 милуаны бӕрц хицӕн цӕуы азы кӕронмӕ цӕрджыты уӕлбар категоритӕн медикаменттӕн, фӕлӕ ацы фӕрӕзтӕ фаг не сты азы кӕронмӕ, уый тыххӕй парламенты сессийы рӕстӕджы фехъусын кодта профилон комитеты разамонӕг Плиты Александр.
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ цыппӕрӕмы сразы сты 2022 азы паддзахадон бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл. Ногдзинӕдты фӕлгӕтты уӕлӕмхас финансон фӕрӕзтӕ дих цӕуынц къорд организацийӕн.
Карз дискусситӕ сцайдагъ ис ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн уӕлбар категориты ӕнӕаргъӕй медикаменттӕй самал кӕныны фарсты фӕдыл.
"Хицауад самал кодта фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ уыдон бынтондӕр нӕ фаг кӕнынц. Сӕкӕры низӕй рынчын чи у, уыдонӕй уӕззау уавӕры чи ис, уыдонӕн самал кӕндзысты хостӕ, фӕлӕ дзы ноджы иу мин зайы ӕнӕхосӕй. Уыдонӕй дарддӕр ма онкологи ӕмӕ психологон низтӕй рынчынтӕ. Кӕд кӕцыдӕртӕн сӕ бон у ӕмӕ самал кӕной хос сӕхӕдӕг, уӕд психикон рынчынтӕн хостӕ балхӕнӕн дӕр нӕй, уыдон самал кӕнын йӕ бон у ӕрмӕст паддзахадӕн", - загъта Плиты Александр.
Парламенты сессийы банысан ӕрцыд, азы кӕронмӕ ма фадат ис уӕлӕмхас фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнын ацы нысанӕн.
2022 азы паддзахадон бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕлгӕтты ма уӕлӕмхас фӕрӕзтӕ хицӕн ӕрцыд "Энергоресурс"-ӕн Уӕрӕсейы раз йӕ хӕсимӕ сраст кӕнынӕн, ЦӔК-ӕн сӕ куыст мызд бафидынӕн, тӕрхондоны уынаффӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ ӕндӕр нысӕнттыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0