Къуаисайы цæрджыты сифтонг кодтой газæй

© SputnikКъуаисайы цæрджыты сифтонг кодтой газæй
Къуаисайы цæрджыты сифтонг кодтой газæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы горæт Къуаисайы цæрджытæм æрластой газ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан.
Республикæйы районтæм газ ласынц Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы хæслæвæрдмæ гæсгæ.
Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Къуайсайы алкæцы хæдзары дæр пайда кæнынц газы баллонтæй, уымæн æмæ районы нæй централон газифтонгад. Мэр ма бахахх кодта, фæстаг хатт газ кæй æрластой июны.
"Фæнды мæ зæгъын бузныг республикæйы къухдариуæгад æмæ Ленингоры районы разамонæг Гæджиты Иларионæн ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Ныфс нæ ис, газы æрбаласт кæй суыдзæн иудадзыг", - банысан кодта Хуыгаты Алан.
Уый ма банысан кодта, проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн кæй баххуыс кодта Дзауы районы сæргълæууæг Тыбылты Ванда дæр.
Хуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Хуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ
Ног хабӕртты лентӕ
0