Хуссар Иры бакодтой тугдзых сырдтыл цуаны сезон

© Fotolia / RodimovpavelЦуанон
Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны райдыдтой тугдзых сырдтыл цуан. Октябры райдайӕнӕй Знауыры районы цуанонты къорд скуынӕг кодтой 9 хъӕддаг куыдзы, уый тыххӕй Sputnik радзырдта къорды уӕнгтӕй иу - Дмитрий.
Хуссар Ирыстоны тугдзых сырдты куынæг кæныны фæдыл паддзахадон нывæзт цалдæр азы æххæст нæ цæуы, афтæмæй та сæ нымæц сбирæ ис.

"Цуанонтӕн премитӕ радтын бирӕгътӕ ӕмӕ шакалтӕ (хъӕддаг куыйтӕ) куынӕг кӕныны тыххӕй нал кусы, фӕлӕ мах нӕ куыст кӕнӕм дарддӕр. Куыддӕр суазал вӕййы, афтӕ сырдтӕ лӕбурынц фосмӕ. Ацы фӕззӕг уыдон ӕнӕфтиаг фӕкодтой иу род Бехъмары, хуы Торманеулы, лӕбурынц ставдкъах фосмӕ. Ӕнӕмӕнг нӕу ӕмӕ фосы бахсыной, иу цъӕррӕмыхстӕй дӕр стур мӕлы", - загъта уый.

Изӕры шакалтӕ ӕрцӕуынц хъӕумӕ, ӕппӕт фӕсфӕд цӕрӕн пунктты сӕ ниуын хъуысы ӕнафонты.
"Ацы аз цуан кӕнӕм Малда ӕмӕ Уанаты, уыдыстӕм Ленингоры районы дӕр", - бафтыдта уый.
Бестауты Бала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2022
Бестауты Бала радзырдта хъæддаг хуыты миграцийы тыххæй Хуссар Иры территоримæ
Ног хабӕртты лентӕ
0