Хуссар Иры журналисттӕ бамбал сты СӔО ирон хӕстонтӕн ифтонгад самал кӕныны акцимӕ

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕ бамбал сты Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг ӕфсӕддонтӕн квадрокоптертӕ самал кӕныны хӕрзаудӕн акцимӕ. Ӕмткӕй акцийы фӕлгӕтты фӕнд кӕнынц балхӕнын ӕртӕ аппараты, сӕ аргъ ӕмткӕй лӕууы 1 милуан 200 мин сомы.
Ӕртӕ аппаратӕй иу акци аразджытӕ самал кодтой.
"Нæхи редакцийы кусджытæ ныридæгæн æртымбыл кодтой дæс минæй фылдæр æмæ дарддæр архайынц. Стыр разæнгардæй нæ цуры балæууыдысты газеттæ "Республикæ", "Южная Осетия", информацион агентад "Рес", радио "Ир" æмæ Информаци æмæ мыхуыры республикон комитеты кусджытæ", - дзырдӕуы газет "Хурзӕрин"-ы фарсыл.
Къуыдаргом арвыста квадрокоптер сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2022
Къуыдаргом арвыста квадрокоптер сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хӕстонтӕн
Хӕрзаудӕн акци сцайдагъ кодтой ӕртӕ адӕймайгӕй, уыдонӕй йӕ коллегаты хсӕн акци уадзы газет Хурзӕрин"- ы редактор Дамбегты Ирина.
Квадрокоптертӕ MAVIC- 3 DJI амал кӕнынц сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг ӕфсӕддонтӕ Гаглойты Таймураз, Тедеты Сослан æмæ Котолиты Сосланӕн. Уыдонӕн хӕсты быдыры ацы ифтонгад у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг.
"Лӕппутӕ бахатыдысты Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрадмӕ, уыдон сын ныфс радтой январы самал кӕнын квадрокоптертӕ. Уым та алы бон у ахсджиаг", - загъта акцийы инициатор Дамбегты Ирина
Ног хабӕртты лентӕ
0