Радон уæлахизтæ: хуссарирыстойнаг æмбуархæцджытæ рамбылдтой дунейы чемпионат æмæ фыццагады

© Photo : Из архива Мамеда КулумбеговаРадон уæлахизтæ: хуссарирыстойнаг æмбуархæцджытæ рамбылдтой дунейы чемпионат æмæ фыццагады
Радон уæлахизтæ: хуссарирыстойнаг æмбуархæцджытæ рамбылдтой дунейы чемпионат æмæ фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссарирыстойнаг æмбуар хæстæй спортсментæ рамбылдтой сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ æппæтстилон каратэйæ дунейон чемпионат æмæ фыццагады. Куыд фехъусын кодта журналисттæн спортсменты тренер Хъуылымбегты Мамед, афтæмæй дунейы фыццагады уæлахиздзау ссис Джиоты Дмитрий, дунейон чемпионаты æвзист майдан та рамбылдта Лолойты Артур.

"Нæ тохтæ ацыдысты хорз. Спортсментæ равдыстой сæ дæсныйад æмæ райстой хорз фæстиуджытæ", – бахахх кодта тренер.

Уый ма банысан кодта, æмбуархæцджытæ кæй ралæууыдысты æххæст контакты хайады хихъахъхъæныны мадзæлтты мидæг (хæццæ хъæбысхæсты).
Сахар Орелы 1-4 ноябрмæ ауагъдæуыд дунейы чемпионат æмæ фыццагад æппæтстилон каратэйæ. Ерыстæ ацыдысты æппæтстилон каратэйы дисциплинæйы æртæ групппæмæ гæсгæ: æххæст контакт, арæнæвæрд контакт æмæ хихъахъхъæныны мадзæлттимæ æххæст контакт. Ерысты хайад райстой 1500 спортсмены Уæрæсе, Хуссар Ирыстон, Турк, Греци, Иран, Пакистан, Казахстан, Сомихстон, Беларусь æмæ Абхазæй.
Мирный Кавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2022
Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой 11 майданы "Мирный Кавказ"-ы киокушинкайӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0