https://sputnik-ossetia.com/20221108/zhenevag-diskussity-khayadisdzhyt-radzyrdtoy-tsuyl-nykhas-kodtoy-fembldy-rstdzhy-tskhinvaly-19844312.html
Женеваг дискусситы хайадисджытæ радзырдтой, цæуыл ныхас кодтой фембæлды рæстæджы Цхинвалы
Женеваг дискусситы хайадисджытæ радзырдтой, цæуыл ныхас кодтой фембæлды рæстæджы Цхинвалы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Гуырдзыстоны рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма пайда кæныны фарст у иуыл ахсджиагдæртæй сæ иу Женеваг дискусситы... 08.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-08T17:40+0300
2022-11-08T17:40+0300
2022-11-08T17:40+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвал
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/08/19843050_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_cc7f370df49018c1b6ab6e7f49195610.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Гуырдзыстоны рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма пайда кæныны фарст у иуыл ахсджиагдæртæй сæ иу Женеваг дискусситы хайадисджытæн, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг журналисттæн Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар.ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ дыццæджы æрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицæмæ. Цхинвалы уыдон фембæлдысты дискусситы хайадисджытимæ хуссарирыстойнаг фарсæй.Афтæ ма Евроцæдисæй æмсæрдар фехъусын кодта, фембæлды рæстæджы фарсытæ кæй æрдзырдтой Женевайы радон раунды боны фæткы пункттыл.Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин банысан кодта, ивгъуыд раунд кæй уыд æхсæйнаг, уымæн æмæ уæд сног кодтой процессы куыст дæргъвæтин фæурæды фæстæ.Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, Женеваг дискусситы фидæн раунд, æвæццæгæн, ацæудзæн 2023 азы райдайæны.
https://sputnik-ossetia.com/20221006/khussar-iry-delegatsi-radzyrdta-atsy-az-zhenevag-diskussity-fytstsag-raundy-fastiudzhyty-tykhkhay-19262854.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/08/19843050_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_4ec8d9e500817128b3750782d0452c88.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Гуырдзыстоны рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма пайда кæныны фарст у иуыл ахсджиагдæртæй сæ иу Женеваг дискусситы хайадисджытæн, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг журналисттæн Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар.
ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ дыццæджы æрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицæмæ. Цхинвалы уыдон фембæлдысты дискусситы хайадисджытимæ хуссарирыстойнаг фарсæй.
"Фæнды мæ зæгъын, тыхæй ма пайда кæнын кæй у иуыл ахсджиагдæртæй сæ иу куыд Хуссар Ирыстонæн, афтæ гуырдзиаг хицауадæн дæр. Уый у ахсджиаг момент Женеваг дискусситы куыстæн", - загъта Клаар.
Афтæ ма Евроцæдисæй æмсæрдар фехъусын кодта, фембæлды рæстæджы фарсытæ кæй æрдзырдтой Женевайы радон раунды боны фæткы пункттыл.
Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин банысан кодта, ивгъуыд раунд кæй уыд æхсæйнаг, уымæн æмæ уæд сног кодтой процессы куыст дæргъвæтин фæурæды фæстæ.
"Абон бон Женеваг дискусситæ сног кодтой сæ куыст, æмæ процесс райтынг уыдзæн. Нæ разы сты боны фæткы фарстытæ иууылдæр, сæ нымæцы тыхæй ма пайда кæнын, æбæрæгæй фесæфджыты фæдыл документтæ, æмæ æнæхъæн номхыгъд, кæцы хуссарирыстойнаг фарс нымайы ахсджиагыл", - бахахх кодта Коцты Константин.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, Женеваг дискусситы фидæн раунд, æвæццæгæн, ацæудзæн 2023 азы райдайæны.