Хуссар Иры Ленингоры районы аскъуыддзаг кодтой Болы хъæумæ донифтонгады проблемæ

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Уæллаг Болы хъæумæ донифтонгад сног кодтой æххæст гуырахстæй, фехъусын кодта Sputnik районон администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
"Ацы цæрæн пункты цæрджытæ хъаст кодтой нуазыны доны лæмæгъ гуырахстыл. Хъæуы цæрджыты проблемæйы тыххæй фехъусын кодтой районы сæргълæууæг Гæджиты Иларионæн. Цыбыр æмгъуыдмæ районы коммуналон службæтæ аиуварс кодтой фехæлдтæ донифтонгады системæйы", - банысан кодта Кокойты Анжела.
Хуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2022
Хуссар Иры Ленингоры районмӕ нылластой газ
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ленингоры районы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) тыхтæй баивтой зæронд доны хæлтæ ногтыл.
"Цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кодтой хъæуы сæйраг донифтонгады хæтæлыл дæр. Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ дæлхайады хистæр Битарты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, ранæуæггонд доны хæтæл фæхуыздæр кодта доны гъæд æмæ сифтонг кодта хъæуы цæрджыты нуазыны донæй" - бахахх кодта пресс-секретарь.
Кокойты Анжела бафтыдта, зæгъгæ, Ленингоры районы администрацийы разамонæг Гæджиты Иларионы къухдариуæгады бын асъкуыддзаг кæндзысты нуазыны доны цухдзинады проблемæ ноджы къорд цæрæн пунктты.
Ног хабӕртты лентӕ
0