Хуссар Иры МХМ кусджыты сифтонг кæндзысты уæлæмхас уæлбартæй

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Гоймæгтæ, кæцытæ службæ цыдысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, Милицийы тагъд архайды къорды, рæстæгмæдарæн изоляторы æмæ хæххон бынæтты, сифтонг кæндзысты уæлæмхас социалон гарантитæ æмæ уæлбартæй, фехъусын кодта уагдоны къухдариуæгадимæ оперативон рабадты рæстæджы МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий.
Уый размæ 2 ноябры Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта ивындзинæдтæ службæйы æмгъуыды фæдыл уынаффæмæ.
МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.11.2022
Хуссар Иры хицауад бахаста ивындзинæдтæ МХМ кусджыты службæйы æмгъуыд нымайыны фæткмæ
"2 ноябры цы ахсджиаг документ райстæуыд, уый руаджы МХМ сæрмагонд дæлхайæдты æмæ рæстæгмæдарæн изоляторы кусджыты, афтæ ма гоймæгты, кæцытæ службæ цыдысты хæххон бынæтты, сифтонг кæндзысты уæлæмхас социалон гарантитæ æмæ уæлбартæй. Сæ нымæцы, ацы службæйы кусджытæм хаудзæн æмгъуыд уæлбарæй нымайыны фæтк – службæйы иу мæй иу мæй æмæ æрдæгмæ", - хъусын кæны Гæззаты Валерийы ныхæстæ МХМ пресс-службæ.
Уагдоны ма æрдзырдтой Мидхъуыддæгты органты кусæджы бонмæ цæттæкæнынады фарстыл, кæцы нысан кæнынц 10 ноябры.
"Бæрæгбонон æмбырд ацæудзæн Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы. Иуыл хуыздæр кусджытæн ратдзысты уагдонон хорзæхтæ. Æмбырды кæрон ацæудзæн бæрæгбонон концерт", - бафтыдтой пресс-службæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0