Ирон хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой фондз сыгъзæрин майданы æхсæнадæмон турниры Нефтеюганскы

© Photo : МинусНайфонты Артур
Найфонты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Цæгат Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой фондз сыгъзæрин майданы Владимир Семеновы призтыл æхсæнадæмон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æдæппæт ирон спортсментæ райстой 14 майданы, хъусын кæны спорты министрады пресс-службæ.
"Уалыты Радик, Сабанты Александр, Уалыты Чермен, Найфонты Артур æмæ Хуыгаты Алан ссисты уæгъдибар хъæбысхæсты турниры уæлахиздзаутæ Нефтеюганскы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Æвзист майдантæ райстой Уалыты Эльбрус, Тæпсиаты Тамерлан æмæ Козырты Сергей.
Бронзæйон призертæ ссисты Хæдæрцаты Алик, Кудзойты Алан, Уалыты Владислав, Черткоты Гурам, Соттиты Асланбег æмæ Бестауты Андрей.
Владимир Семеновы призтыл æхсæнадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъд цæуы Нефтеюганскы.
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2022
Андиаты Сосланы номарæн турнир Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодта иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцджыты
Ног хабӕртты лентӕ
0