Сӕрдыгон кинотеатр ӕмӕ ауӕзты цалцӕг: куыд фӕивдзӕн Стыр парк ног азы

© Sputnik / Natalia Airiyan Стыр парк
Стыр парк  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуыбылты Валерийы номыл стыр парк Цхинвалы фӕнд кӕнынц баххӕст кӕнын 2023 азы. Советон дугӕй уарзон улӕфӕн зонӕ рацарӕзты фӕстӕ нӕу популярон улӕфӕн бынат.
Ауӕзт пырх кӕны, рӕстмӕ дзы не 'рцыд бӕлӕстӕ сагъд, цух у сывӕллӕтты ӕмӕ спортивон фӕзуаттӕй.
Горӕты ног разамынд ралӕугӕ азы ныфс дӕтты ногӕй хъусдард аздахын объекты уавӕр ӕмӕ йӕ хӕрзарӕзтадмӕ.

"Стыр парк райстой эксплуатацимӕ горӕты разамындмӕ мӕ бацыды хӕдразмӕ. Объект ист ӕрцыд 9 милуан ӕмӕ 360 мин сомы дефектон актимӕ. Ацы ӕхца нын хъуамӕ раздахой, цӕмӕй азы райдайӕны мах бавналӕм ауӕзт цалцӕг кӕнынмӕ",- загъта горӕты мэр Къацты Гено.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2023 азы уыдон парчы хъавынц сӕвӕрын сӕрдыгон кинотеатр ӕмӕ сывӕлӕтты фӕзуат.
Стыр парчы реконструкци уыд нардуатон организаци "Цхинвальская строительная компания"- йы дӕлбар. Республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты Инвестицион нывӕсты фӕлгӕтты йыл хицӕн ӕрцыд 42 милуан сомы.
Стыр парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Цхинвалы Стыр парк: йæ фидæн, аразинæгтæ æмæ проблемӕтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0