Хуссар Иры фæзындзæн "Спорты мастер"-ы кадджын ном

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты куыст цæуы "Физикон культурæ æмæ спорты" законы проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл законыл, хъусын кæны парламенты пресс-службæ.
Спорт, туризм æмæ фæсивæдон хъуыддæгтæ фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, законмæ бахæсдзысты 20 ивындзинады. Уыдон хауынц спортсментæн уæлбартæ раттын æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй фиддонтæ бафидынмæ.
"Абоны боны онг республикæйы нæ уыд фадат райсын спорты мастеры ном. Фæлæ ацы ивындзинæдты руаджы спортсментæн, кæцытæн ис сгуыхтдзинæдтæ Уæрæсейы территорийыл, фадат уыдзæн райсын спорты мастеры ном Хуссар Ирыстоны дæр", - загъта комитеты сæрдар.
Гæбæраты Инал бафтыдта, зæгъгæ, паддзахады спортивон политикæ гæнæн ис рахиза ног æмвæзадмæ ацы законы проект райсыны фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0