8. САЛДАТ АЛÆГ ОРЛОВ

8. САЛДАТ АЛÆГ ОРЛОВ
Рафыссын
Фæсаходæн дыууæйы дæр фынæйæ баййæфтой Бегайы каистæ æмæ Бегайы райхъал кодтой. Бега уайтагъд фæгæпп кодта. Йæ усы ’фсымæр Хъайсыны йæ разы куы ауыдта, уæд фæкъæмдзæстыг.
— Бахатыр кæн, Хъайсын, дысон фæндагыл уыдтæн æмæ бафæлмæцыдтæн.
— Дæ бындар фæуай, æмæ мæ цæуылнæ райхъал кодтай, мæрдвынæй уыдтæн, — бауайдзæф кодта Хъайсын. — Ам хъæмпыл куынæ ныххуыссыдаис, уæд... Худинаг нæу?..
— Уымæй мын ницы у, Хъайсын... Хæдзары куыдтæ стут, бинонтæ иууылдæр дзæбæх?
— Уыдонæн та цы у, фæлæ дæхæдæг дæхи цæуыл фыдæбонæй мардтай æддæ...
— Цæй фыдæбон у, цæ, мæнæ Алæгимæ замманайы фынæй фæкодтам.
— Чи дын у уый та, ироны хуызæн куынæ у?
— Салдат у, уырыссаг. Знон хæст уыди Тибы цур, Згъилгомы... Фæцæф ис æмæ йæ ракодтон.
Хъайсын фæхъуыдыйыл: ай пайдайы хабар нæу.
— Æмæ йыл цы дудгæ бон кодтай, дæумæ ’рхауд? Исты фыдбылыз та дын расайдзæн.
— Æмæ йын уæдæ цы кодтаин?.. Талынджы иунæгæй, цæфæй. Æцæгæлон, мæсты адæмы ’хсæн... Йæ хуыздæртæ кæмæн фæмард сты, уыдон æй акъабæзтæ кодтаиккой. Салдат у, цы кодта? Æндæр ницы у.
— Æмæ ныр куыд, уацайраг æви уæй?..
— Нæ зонын, фендзыстæм. Кæд фервæза, цæф у, — лыстæг ныккаст Бега боны рухсмæ йæ уацайраджы цæсгоммæ. "Раст мæ цахъхъæн уыдзæн... Фæлæ куыд тæнтъихæг, удысмаг дзы куынæ ис, æви сын сæ гуыбын дæр не ’фсадынц". Мæллæг, фæлурс цæсгом. Тæнæг цыргъ фындз, чысыл хæрдмæ фесхъæл. Мæнæуы хъæмпы хуызæн бур сæры хъуынтæ — тугæйдзæгтæ. Мæллæг, фæлæ стыр къухтæ дзыппыты цурты — дæлгоммæ æвæрд. "Ай дын мæ фыды къух, кæд хуымæтæг кусæг лæг нæу, æгæр фæтæн къухтæ йын ис"... — ахъуыды кодта Бега. "Кусæг лæджы уæй?.. Цæмæн?.. Уадз æмæ уæд мемæ куса. Цæрæд йæхицæн... Цæй, фендзыстæм, фервæза уал".
— Фыдбылыз дын мацы ’рхæссæд, — йæ хъуыдытæй фæиппæрд кодта Бегайы Хъайсыны ныхас.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0