Хуссар Иры театр равдисдзӕн Шекспиры пьесӕ ног азы размӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон драмон театр
Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ режиссер Чилӕхсаты Эдуарды сӕргълӕудӕй цӕттӕ кӕны Уильям Шекспиры уацмысмӕ гӕсгӕ спектакль "Хивæнд чызг", фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.
Уымӕй размӕ азты театры сценӕйыл стыр ӕнтыстимӕ ӕвдыст цыд режиссеры ӕндӕр куыст "Нӕлгоймӕг, сылгоймаг, рудзынг, мард", аргъӕуттӕ "Бременские музыканты", "Тæрхъусы амонд" ӕмӕ ӕндӕртӕ.
"Куыст ис йӕ тӕмӕны. Фӕсарӕйнаг авторы ӕрмӕг "Украшение строптивой" ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Джусойты Нафи. Архайы дзы актёрон ансамбль 12 артисты скондӕй. Сӕйраг фӕлгонцтӕ бахӕс кодтой Хаситы Сослан ӕмӕ Натия Чохелийӕн", - загътой уагдоны
Пресс-служӕйы ма банысан кодтой, спектакльты фидыцтӕй иу суыдзысты актёрты дарӕс Сӕндидзӕны рӕстӕгӕй.
Спектаклы премьерӕ бахастӕуыд Культурӕйы министрады декабры мадзӕлтты нывӕзтмӕ, равдыст нывӕндынц ауадзын 22 декабры.
Ног хабӕртты лентӕ
0