Депутатты куыст алыхатт дæр здæхт уыд адæмы проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ – Гаглойты Алан

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ Парламент
РХИ Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта депутаттæн парламенты сæвзæрды 32-æм афæдзы боны цытæн.

"Нæ бæстæйы парламентаризмы истори райдыдта 1990 азы, уыцы аз 9 декабры ацыдысты æвзæрстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр закондæттæг органмæ. Ацы бон ссис нæ адæмы уæлдæр къæпхæны патриотизм æмæ политикон культурæйы æвдисæг", - дзырдæуы арфæйы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл.

Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, фыццæгæм æрсидты Парламенты депутаттæ кæй сæвæрдтой паддзахаддзинады бындур æмæ сарæзтой фидар нормативон-барадон базæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон уыдысты уæззау азтæ, фæлæ зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, депутатты куыст алыхатт дæр здæхт уыд адæмы проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ.
"Уырны мæ, æвдæм æрсидты Парламенты депутаттæ кæй адарддæр кæндзысты националон æдасдзинад æмæ интеграцион процесстæ фидар кæныны реализаци, афтæ ма фæфылдæр кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты æмвæзад", - загъта президент.
Гаглойты Алан бузныг загъта парламентаритæн сæ куысты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ эффективон архайд Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0