33. МÆСЫГ БАСАСТ

33. МÆСЫГ БАСАСТ
Рафыссын
Сгарынмæ æрвыст лæппутæ бонысцъæхмæ схæццæ сты. Радзырдтой: Хъолайы уыдысты, Бегаитæ æхсæзæй мæсыджы бадынц, райсомы хæстмæ сæхи цæттæ кæнынц, мурдæр ницæмæй тæрсынц. Радзырдтой Ака æмæ Бабейы хабар, Уыцыфарсы хъæуты басыгъд, Калман æмæ Хъырымы мæлæт. Æцæг уый Темлайæн не схъæр кодтой.
Хабæрттæй, адæмы зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæм ницы уыд. Æрмæст хæстон лæппуты зæрдæ фæфидар, Бегайæн æнæхъæн бон кæй ницы бафæрæзтой, уымæй", æмæ сфæнд кодтой: уыдон дæр хæцдзысты, цалынмæ ма дзы исчи удмидæг уа, уæдмæ.
Райсомæй та сæм хъазахъхъ æмæ фистæг æфсад æрбалæбурдтой. Тæдзæнты раз хъазахъхъ дæр æрфистæг сты æмæ уæлбылмæ схизын фæлварын райдыдтой.
Суанг сихорафонмæ ахæццæ хæст. Адæмæй дæр хæстхъом чи уыд, уыдон дуртæ тылдтой, топпытæ ифтыгътой æмæ иу салдаты дæр былæй уæлæмæ кæсын не суагътой. Æфсад уæлдай уынгæджы уыдысты тулгæ дуртæй: бæхæй, лæгæй сæ цагътой. Тæдзæнты сæрмæ къул йедзаг уыд æфсоны сæрыл лæуд дуртæй. Иумæ дзы февнал æмæ йæ фæдыл æнæхъæн зæй ахæссы, иу дур йæхæдæг сæдæ бавæййы æмæ лыстæг къæрттытæ, сармадзаны нæмыджы схъистау, æхситгæнгæ тæхынц алырдæм, дæхи сæ нæ бахиздзынæ.
Ницы рауад æфсады атакæйæ æмæ фæстæмæ хохы рæбынмæ ныццыдысты, цæуынхъом ма сæ чи баззад, уыдон. Фæлæ та тæвд куы фæсаст, уæд бырсын райдыдтой, бæндæнтæ æмæ къахдзæфхæдты руаджы фæлвæрдтой Тæдзæнты сæрмæ кæрæтты схизын.
Солтан бамбæрста, цалынмæ рухс у, уæдмæ сæ уромдзæн, фæлæ æхсæвы тары сæ бон нæ бауыдзæн утæппæт æфсад бауромын. Загъта адæмæн: æфцæджы сæрмæ скæнут устыты, сывæллæтгы æмæ лыстæг фос. Æндæр дзы æрлæууæн бынат дæр нæй, фос кæм фæхизой, уый дæр.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0