Мæскуыйы ацæудзæн Æлборты Алан æмæ УФ Паддзахадон Думæйы спикеры фембæлд

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæМæскуы
Мæскуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Козаты Диана. Мæскуыйы 15 декабры ацæудзæн Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Æлборты Алан æмæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы сæргълæууæг Вячеслав Володины фембæлд.
Хуссарирыстойнаг парламентаритæ ацыдысты Мæскуымæ III Æхсæнадæмон конференци "Роль взаимодействия фракций, политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ"-ы хайад райсынмæ.
Делегацийы, кæцыйы сконды сты алы фракцийы минæвæрттæ, сæргъ лæууы спикер Æлборты Алан. Конференцийы куысты фæлгæтты ацæудзысты фембæлдтæ Паддзахадон Думæйы фракциты.
"Цыппæрæмы, 15 декабры, нывæзты ис фембæлд Паддзахадон Думæйы сæргълæууæг Вячеслав Володинимæ. Æрныхас кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны парламент æмæ Паддзахадон Думæйы æмгуыстады фарстытыл", - загъта Æлборты Алан.
Уый зæрдыл æрбалæууын кодта, 2013 азы Паддзахадон Думæ æмæ Хуссар Ирыстоны парламент бафыстой бадзырд æмгуыстады фæдыл. Документы бын сæ къухфысттæ æрывæрдтой закондæттæг органты уæды разамонджытæ Сергей Нарышкин æмæ Коцты Станислав.
История парламентаризма в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2022
Хуссар Ирыстоны парламентаризмы истори
Æмархайды организаци æмæ координацийæн нывæндысты саразын иудадзыг æхсæнпарламентон къамис.
"Ацы къамис нырма арæзт не ‘рцыд. Мæн фæнды, цæмæй мах среализаци кæнæм бадзырды ацы пункт æмæ нæ дыууæварсон ахастытæ уой ноджы пайдаджындæр" – банысан кодта Æлборты Алан.
Афтæ ма хъусын кодтой, хуссарирыстойнаг депутатты балцы фæлгæтты Мæскуымæ конференцийы хайадисджытæ нывæндынц фембæлын Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0