Æлборты Алан: Хуссар Ир стыр аргъ кæны йæ стратегион партнер – Уæрæсейы æххуысæн

© PhotoÆлборты Алан æмæ Вячеслав Володин
Æлборты Алан æмæ Вячеслав Володин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Æлборты Алан Паддзахадон Думæйы сæргълæууæг Вячеслав Володинимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæй кæны йæ стратегион партнер – Уæрæсейы æххуысæн.

"Мах æмбарæм, куыд зын у Уæрæсейæн фæразын æфсæддон операцийы уæз æмæ ссæрибаргонд территоритыл инфраструктурæйы цалцæг, афтæ ма коллективон Ныгуылæны информацион æндæвдад", - загъта парламенты спикер.

Æлборты Алан бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кæй рацыд фæндаг, кæцы ныр цæуынц ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты цæрджытæ.
Æлборты Алан ма загъта Паддзахадон Думæйы сæргълæууæгæн арфæйы ныхæстæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæй æмæ фæхуыдта Вячеслав Володины республикæмæ.
Вячеслав Володин та йæхирдыгæй банысан кодта, дыууæ бæстæйы æхсæн кæй ис стратегион ахастытæ
"Нæ бæстæты æхсæн ахастытæн ис стратегион нысаниуæг. Махæн ис иумæйаг истори, кæрæдзи хорз æмбарæм. Уымæ гæсгæ, хорз уыдаид эффективондæр райтынг кæнын æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ", - фехъусын кодта Вячеслав Володин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дзырд цæуы бæрзонд æмвæзады къамисы арæзтадыл дыууæ бæстæйы парламентты æхсæн æмæ æмархайды райрæзт профилон комитетты фæлгæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0