Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой ÆХМ финанскæнынады проблемæйыл

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады (ÆХМ) финанскæнынад не сфаг 2022 азы цыппæрæм кварталæн, фехъусын кодта парламенты уагдоны сæргълæууæг Плиты Агуындæ.
Министрады финанскæнынады проблемæйыл æрдзырдтой депутаттæ социалон райрæзт æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады фæдыл парламентон комитеты рабадтыл.
"Кæд министрад аразы кварталон куырдиат, уæд, мæ хъуыдымæ гсæгæ, финансон фæрæзтæн лимит дæр хъуамæ уа кварталон, уый та арæзт нæ цæуы. Æз æрбаййæфтон цыппæрæм квартал æнæ финанскæнынадæй. Цыппæрæм кварталы куырдиат сæххæст кæнынæн баззад 20 милуан сомы, министрады кварталон куырдиаты та вæййы 43-44 милуан сомы. Уый у иу аххосаг, цæмæй фæзыны хосты цухдзинад", - радзырдта Плиты Агуындæ.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады хосты цухдзинады ноджы иу аххосаг у æввонгæнджыты æвзæр архайд, кæцытæ арæх нæ сæххæст кæнынц контракты уавæртæ.
Депутат Тъехты Алан банысан кодта, парламент æрвылаз кæй хъæлæс кæны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн фæрæзтæ рахицæн кæныныл хостæн, фæлæ бирæ адæм хъаст кæнынц хосты цухдзинадыл Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ), æмæ парламентаритæ не мбарынц, цæмæн æрцæуы афтæ.
Депутат Бесаты Зита бахахх кодта, хосты цухдзинады алыхатт Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад аххосджын нæу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис проблемæтæ РБМЦ-ы дæр, æмæ хъæуы комплексон цæстдард æххæст кæнын.
Плиыт Агуындæ ма разырдта, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады бюджет 2022 азы кæй уыд 1 миллиард æмæ 400 милуан сомы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы суммæйы фæдыл министрад нæ равдыста кæронбæттæн хатдзæг.
Плиты Агуындæ фехъусын кодта, кæй æрæвæрдта йæхицæн хæслæвæрд – аскъуыддзаг министрады проблемæтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0