Хуссар Иры театры снысан кодтой ногазон мюзиклы премьерӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон театр
Паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр аивадон советы ӕркастмӕ бавдыста ногазон мюзикл. Аргъау райста рависынмӕ разыдзинад.
Премьерӕйы агъоммӕ равдыстӕн аргъ кодтой культурӕйы министрады минӕвӕрттӕ ӕмӕ театры актёртӕ. Залмӕ фӕуазӕг ис уацмысы автор Остъаты Алан ӕмӕ чысыл кӕсджытӕ.
"Аивадон совет радта разыдзинад ногазон мюзикл равдисынӕн. Премьерон равдыстытӕ цӕудзысты 3-6 январы боны фыццаг сахатыл", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.
Ӕрмӕг ирон аргъӕутты бындурыл бацӕттӕ кодта фыссӕг Остъаты Алан. Спектакль ӕвӕрд цӕуы Культурӕйы министрады заказмӕ гӕсгӕ.
Сӕйраг фӕлгонцтӕ æххæст кæнынц ӕвзонг актёртӕ Уалыты Георгий ӕмӕ Туаты Алан. Спектаклы ма архайынц фӕлтӕрд актёртӕ Хуыгаты Дзамболат, Таугазты Дзерассӕ ӕмӕ студенттӕ.
Ногазон сывӕллӕтты мюзиклӕн музыкӕ ныффыста номдзыд композитор Плиты Мурӕт. Премьерон равдысттӕ нысан сты 3-6 январьмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0