Хуссар Иры скъолатæ æмæ сабидæттæ кусынц штатон режимы зымæгон каникулты фæстæ

© Sputnik / Алексей КовалевСкъоладзау
Скъоладзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуырдзауты нымæц у 60-70 проценты, банысан кодта республикæйы ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Галуанты Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы скъолатæ æмæ сабидæттæ бавнæлдтой куыстмæ 9 январы.
"Кæцыдæр скъолаты ахуыртæм цæуынц ахуыргæнинæгты сæдæ проценты, аннæты нæ вæййы ахуырдзауты фылдæр хай, фæлæ, иумæйагæй сисгæйæ, бацыднымæц у бæрзонд. Горæты сабидæттæ дæр рахызтысты куыстмæ 9 январы. Уым сабиты нымæц вæййы къаддæр скъолатæм абаргæйæ", - радзырдта министры хæдивæг.
Галуанты Александр фехъусын кодта, республикæйы районты ахуырадон уагдæттæ кæй райдыдтой кусын, æрмæст нырма нæ кусы Ленингоры ахуырадон уагдон, уым æвзæр фæндæгты тыххæй сывæллæтты не 'рвитынц скъоламæ.
Уый ма бахахх кодта, рынчынкæнынады уавæрмæ сæ хъус кæй дарынц æмбæлон уагдæттæ, - æрвылбон скъолатæ дæттынц информаци фæрынчынуæвджыты фæдыл.
Ленингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2022
Сабиты лӕвар: Ленингоры Уырыссаг скъола арвыста ӕххуыс СӔО ирон архайджытӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0