Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

21. НОГ ЧЫНДЗ ЙÆХИ ÆРЦАУЫГЪТА!

21. НОГ ЧЫНДЗ ЙÆХИ ÆРЦАУЫГЪТА!
Рафыссын
Чындзæхсæвы фынгтыл бадджыты карз нозт абырста, фæсырдта сын се ’рхæндæг хъуыдытæ æмæ сын айхæлдта се ’взæгты баст. Фæкъæртт сты зарынмæ, цыма, фæндыр дæр фæрасыг, йæ хъыллист тынгæй-тынгдæр хъуысы.
Схъæлдзæг и Хъуынцел. Цы номхæссæны чындзæхсæв сцæттæ кодта, уый йæ комбæстæй бирæ бонты нæ ферох уыдзæн. Фæсидт уырдыглæууæгмæ. Дзæбидыры сыкъатæ байдзаг кæнын кодта æмæ уæззау растад. Хъуамæ арфæ ракæна йæ комбæстæн.
— О, хорз адæм, мæ буц уазджытае! — анæрыд йæ хъæлæс. Фæлæ йын уысммæ йæ ныхас кæйдæр æвирхъау цъæхахст, карды цъыккау, атæхын кодта:
— Цы фестут, уæдæ, ног чындз йæхи æрцауыгъта!
Расыг адæм, мыдыбындзыты къæртайыл дон куы ауадзай, уыйау сызмæлыдысты. Фæгæппытæ кодтой сæ бынæттæй æмæ, тарст фосы рæгъауау, агуылф кодтой хæдзары ’рдæм.
Хъуынцелæн йедзаг сыкъатæ йæ къухæй ахаудтой, æмæ, кæлмдзæфау, адæмы ’хсæнты хæдзары смидæг. Уаты къух бакæнæн нал уыд. Устыты дзолгъо-молгъо бæстæ йæ сæрыл иста.
— Банцайут-ма! — иу богъ сыл фæкодта. Сылгоймæгтæ фæхъус сты. Иугай-дыгай сæхи æддæмæ райстой.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0