https://sputnik-ossetia.com/20230123/gagloyty-alan-bakhs-kodta-sarazyn-khsnadon-organizatsi-so-yy-khayadisdzhytn-21078996.html
Гаглойты Алан бахæс кодта саразын æхсæнадон организаци СÆО-йы хайадисджытæн
Гаглойты Алан бахæс кодта саразын æхсæнадон организаци СÆО-йы хайадисджытæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Гаглойты Алан ралæууыд хъæппæрисимæ, цæмæй саразой æхсæнадон организаци Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон... 23.01.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-01-23T16:16+0300
2023-01-23T16:16+0300
2023-01-23T16:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/19/16851863_0:320:3073:2048_1920x0_80_0_0_9e4e20db58f31906f6f23888b07545d6.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Гаглойты Алан ралæууыд хъæппæрисимæ, цæмæй саразой æхсæнадон организаци Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысæн.Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æхсæн, кæцытæ хайад исынц СÆО-йы, ис зиæнттæ, æмæ сæ бинонты хъæуы æххуыс.Президент бахæс кодта бацæттæ кæнын хъæппæристæ ацы фарсты фæдыл æмæ сæ къуырийы дæргъы барвитын республикæйы Хъахъхъæнынады министрадмæ.
https://sputnik-ossetia.com/20221017/prezident-bankhardta-argvyn-kredit-m-ivarty-mguyd-srmagond-operatsiyy-khayadisdzhytn-19455001.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/19/16851863_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_e2fbe5004968bb1d93a8728203ff7649.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ӕхсӕнад
ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Гаглойты Алан ралæууыд хъæппæрисимæ, цæмæй саразой æхсæнадон организаци Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысæн.
"Хуссар Ирыстоны хæстонтæ фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад исынц СÆО-йы. Нæ æмбæстæгтæ систематикон æгъдауæй æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс æмæ йæ æрвитынц нæ хæстонтæн, фæлæ сæмбæлынц проблемæтимæ æрбаласыны рæстæджы, уымæн æмæ системæ биноныг нæу. Уыимæ иумæ ма æртымбыл проблемæты спектр, кæцытæ хъæуы скъуыддзаг кæнын", - хъусын кæны Гаглойты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æхсæн, кæцытæ хайад исынц СÆО-йы, ис зиæнттæ, æмæ сæ бинонты хъæуы æххуыс.
"Хъæуы саразын бæрæггæнæнты базæ, уадзын статистикæ æмæ цæст дарын уавæрмæ, цæмæй æххуыс уагъд цæуа систематикон æгъдауæй. Уый фæдыл æнæмæнгхъæугæ у саразын æхсæнадон организаци СÆО-йы хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн, кæцы архайдзæн проблемон фарстытыл, сæ нымæцы гуманитарон æххуысы æмбырд æмæ æрвитыны фарст дæр", - загъта Гаглойты Алан.
Президент бахæс кодта бацæттæ кæнын хъæппæристæ ацы фарсты фæдыл æмæ сæ къуырийы дæргъы барвитын республикæйы Хъахъхъæнынады министрадмæ.