Хуссар Иры фыццаг хатт ацæудзысты Цæцæны культурæйы Бонтæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацæудзысты Цæцæны культурæйы Бонтæ
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацæудзысты Цæцæны культурæйы Бонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ацы азы уалдзæджы ацæудзысты Цæцæны культурæйы бонтæ. Республикæйы базонгæ уыдзысты цæцæйнаг драматикон театры сфæлдыстадимæ, ансамбль "Вайнах" æмæ нывгæнджыты куыстытимæ.
Цæцæны культурæйы Бонтæ Хуссар Ирыстоны ацæдзысты фыццаг хатт, фехъусын кодта Sputnik культурæйы министр Зæгъойты Рада.

"Мадзæлттæ ацæудзысты 9-11 марты. Цæцæны культурæйы министрад нæм рарвыста дыууæ коллективы –М. Лермонтовы номыл Паддзахадон уырыссаг драматикон театр æмæ Паддзахадон академион ансамбль "Вайнах". Семæ æрцæудзысты цæцæйнаг нывгæнджытæ, æрхæсдзысты сæ куыстытæ æмæ Цхинвалы ацæудзæн равдыст", - радзырдта культурæйы министр.

Зæгъойты Рада банысан кодта, æмгуыстад фæуæрæх кæныныл бадзырд Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæйнаг Республикæйы уагдæтты ᾿хсæн кæй уыд арæзт фарон фæззæджы.
Цæцæны равдисдзысты хуссарирыстойнаг паддзахадон драмтеатры архайгæ репертуарæй æмæ æрбавдисдзысты паддзахадон ансабль "Симд"-ы концертон программæ. Афтæ ма ныхас цæуы хуссарирыстойнаг нывгæнджыты хайадисты тыххæй дæр.
Зæгъойты Рада бафтыдта, Абхазимæ дæр кæй кусынц культурон мадзæлтты фæдыл кæрæдзимæ цæуыны фарстытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0