Гататы Лалийы схорзæхджын кодтой Хуссар Иры парламенты кады грамотæйæ

© Photo : пресс-служба Парламента РЮОГататы Лалийы схорзæхджын кодтой Хуссар Иры парламенты кады грамотæйæ
Гататы Лалийы схорзæхджын кодтой Хуссар Иры парламенты кады грамотæйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты схорзæхджын кодтой кады грамотæйæ Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хистæр Гататы Лалийы. Уый тыххæй хъусын кæны закъондæттæг органы пресс-службæ.
Йæ райгуырæн бон ын грамотæ радта парламенты сæрдар Æлборты Алан.
"Гататы Лали аразы республикæйæн бирæ хорз хъуыддæгтæ. Милицийы алкæцы кусæг дæр дзы хъуамæ уа сæрыстыр, уымæн æмæ уый зоны йæ куыст æмæ йæ цæсгомджынæй æххæст кæны. Лали ма у æхсæнадон архайæг дæр, кæцы уыцы здæхты дæр йæхи иттæг хорз æвдисы. Æрмæст æз нæ, фæлæ депутаттæ иууылдæр аскъуыдзаг кодтой саргъ кæнын дæ куыстæн", - банысан кодта спикер.
© Sputnik / Natalia Airiyanбулкъон Гататы Лали
Полковник Лали Гатаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2023
булкъон Гататы Лали
Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекторæн раарфæ кодта парламенты депутат Бесаты Зита дæр.
Гататы Лали бузныг загъта парламенты къухдариуæгадæн хъусдарды тыххæй. Уый банысан кодта, иумæйагæй куы кусой, уæд сын алцыдæр бантысдзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0