Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

36. ЗОРАТЫ ЧЫНДЗ КÆЛИМÆТ

36. ЗОРАТЫ ЧЫНДЗ КÆЛИМÆТ
Рафыссын
Кæлимæт йæ хуыз скалдта. Йæ раздæры æрхæндæг, хъуынтъыз цæстыты фæлм атад æмæ, сæрдыгон ирд æхсæвы стъалытау, сæрттывтой, дзыхæй сдзырдта. Хæдзары митæм та — диссаг. Райсомæй изæрмæ цъилау зылд къуымты. Фæлæ уыйхыгъд, нырмæйау, ба­рон нал уыд, фæкъæйных, йе ’фхæрд нал барста.
Хъуынцел сагьæсты ныххауд. Йæ коммæгæс, мадзура чындз, къуымтæмæрзæн цъылын кæй хуыдта, йæ уынæр кæмæн никуы фехъуыста, уый йæм ныр хатт фæстæмæ сдзуры. Кæмдæр йæ мидзæрдæйы æмбæрста: усы зæрдæ кæй нæ рухс кæны йæ лæгæй, æмæ уый тыххæй кæй сфыдуаги, сфыдзонди.
Иуизæр Ныхасæй ссыди лæг. Сæхимæ нæма схæццæ, афтæ йæ хъустыл ауади йæ чындзы къæл-къæл.
— Уый циу?! Йæ бæгь-бæгь æгас хъæуыл куы хъуысы! — амæсты Хъуынцел æмæ атындзыдта йæ чындзæн уайдзæф бакæнынмæ. Кæрты дуар фегом кодта æмæ æнахуыр диссаг: чындз йæ лæджы æккой сбадти æмæ йæ Гæба рахæсс-бахæсс кæны кæрты. Иратаманы цы нæма æрцыд, ахæм хъуыддаг! Кæйдæр дзæгъæлзад фæхынджылæг кодта Зораты кадджын мыггаджы фарн æмæ æгъдауæй! Маст нал ныббыхста лæг, фæстæты бацыд æмæ Кæлимæты фæсонтæн — дзæхст. Кæли­мæт ахаста йæ уæз æмæ Гæбайы æрдиаг усы бынæй сыхъуыст. Дыккаг цæф ма хъавыди Хъуынцел, фæлæ Кæлимæт агæпп кодта иуфарс.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0