Гаглойты Алан раарфæ кодта Сергей Лавровæн Уæрæсейы дипломатон кусæджы Боны фæдыл

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан раарфæ кодта Сергей Лавровæн Уæрæсейы дипломатон кусæджы Боны фæдыл
Гаглойты Алан раарфæ кодта Сергей Лавровæн Уæрæсейы дипломатон кусæджы Боны фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Уæрæсейаг дипломаттæ кæддæриддæр хъахъхъæнынц националон интерестæ æмæ фидар кæнынц Уæрæсейы авторитет æхсæнадæмон аренæйы. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы телы Уæрæсейы ФХМ сæргълæууæг Сергей Лавровæн УФ дипломатон кусæджы Боны фæдыл.
"Уæрæсейы æддагполитикон курсы æнтыстджын реализацийы бындур – уæ бæрзонд квалификаци, егъау фæлтæрддзинад æмæ профессионализм. Уæлдай ахсджиаг у Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджыты хайбавæрд конфликттæ æрнывыл кæнын æмæ глобалон æдасдзинад сæххæст кæнын хъуыддаджы", - дзырдæуы арфæйы телы.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Сергей Лавровæн æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ ветерантæн фидар æнæниздзинад, хæрзæбон æмæ æнтыстытæ Уæрæсейы сæраппонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0