https://sputnik-ossetia.com/20230210/gagloyty-alan-tfrfs-rakodta-siriyy-minvarn-urseyy-zkhkhnkuysty-fdyl-21449861.html
Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта Сирийы минæварæн Уæрæсейы зæххæнкъуысты фæдыл
Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта Сирийы минæварæн Уæрæсейы зæххæнкъуысты фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сириаг Арабаг Республикæйы (САР) минæварад Уæрæсейы Федерацийы. Паддзахады... 10.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-10T15:16+0300
2023-02-10T15:16+0300
2023-02-10T15:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
сири
зæххæнкъуыст
гаглойты алан
мæскуы
рхи минӕварад уф
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/0a/21447662_0:53:1024:629_1920x0_80_0_0_f6cc79c13418293a1d2028ed9829f111.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сириаг Арабаг Республикæйы (САР) минæварад Уæрæсейы Федерацийы. Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта сириаг адæмæн зæххæнкъуысты фæдыл, афтæ ма дидинтæ сæвæрдта минæварады къулмæ.Паддзахады сæргълæууæгимæ уыд Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр.САР минæвар Уæрæсейы Башар Джаафари бузныг загъта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн йæ бацыды тыххæй минæварадмæ.Башар Джаафари ма банысан кодта, Ныгуылæны бæстæты санкциты тыххæй Сирийæн фæзын ис иуварс кæнын зæххæнкъуысты фæстиуджытæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
    https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/0a/21447662_57:0:967:682_1920x0_80_0_0_3b97762d7546dd23ae7581a20f76de57.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, сири, зæххæнкъуыст, гаглойты алан, мæскуы, рхи минӕварад уф
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, сири, зæххæнкъуыст, гаглойты алан, мæскуы, рхи минӕварад уф
Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта Сирийы минæварæн Уæрæсейы зæххæнкъуысты фæдыл
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сириаг Арабаг Республикæйы (САР) минæварад Уæрæсейы Федерацийы. Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта сириаг адæмæн зæххæнкъуысты фæдыл, афтæ ма дидинтæ сæвæрдта минæварады къулмæ.
Паддзахады сæргълæууæгимæ уыд Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр.
"Уырны мæ, Сириаг Арабаг Республикæйы хъæбатыр адæм кæй сфæраздзысты ацы зындзинæдтæ. Мах тынг хорз æмбарæм, абоны бон рæстдзинад, тых æмæ нæ иумæйаг хæзнаты центр у Уæрæсейы Федераци. Мах хъуамæ иумæ архайæм, æмæ уæд алы зындзинадыл дæр фæуæлахиз уыдзыстæм", - загъта президент.
САР минæвар Уæрæсейы Башар Джаафари бузныг загъта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн йæ бацыды тыххæй минæварадмæ.
"Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндыд базонгæ уын æндæр уавæрты, фæлæ афтæ рауад, æмæ æвирхъау трагедийы рæстæджы зонгæ кæнæм. Сириаг Арабаг Республикæйы къухдариуæгад æмæ адæм æнкъарынц Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æнцой. Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, кæцытæ нæ бæстæйæн аразынц бирæ азты дæргъы, нæ адæм алцыдæр сфæрæзтой", - загъта минæвар.
Башар Джаафари ма банысан кодта, Ныгуылæны бæстæты санкциты тыххæй Сирийæн фæзын ис иуварс кæнын зæххæнкъуысты фæстиуджытæ.