Цæгат Иры сэвакуаци кодтой 343 адæймаджы скъола-интернаты зынгсирвæзты тыххæй

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Мæздæджы ссыгъд фыццæгæм скъола-интернат. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Зынгсирвæзты фæзуат уыд 80 квадратон метры. Уагдоны хъусинагмæ гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд уагдоны хуыссæн бæстыхайы.
Сэвакуаци кодтой 343 адæймаджы, зианбаййафджытæ нæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0