Уæрæсейаг хæдтæхджытæ æрыппæрстой украинæйаг Ми-8 Запорожаг областы

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг хæдтæхæг
Уæрæсейаг хæдтæхæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, иу суткæмæ кæй æрыппæрстой украинæйаг вертолет Ми-8, 12 æнæпилотон тæхæг аппараты, афтæ ма залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы 14 сармадзаны.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхты авиаци Терновка цæрæн пункты районы Запорожаг областы æрыппæрстой Украинæйы уæлдæфон тыхты вертолет Ми-8", - дзырдæуы хъахъхъæнынадон уагдоны хъусинаджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 384 хӕдтӕхӕджы, 207 вертолеты, 3069 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 403 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7812 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1014 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4046 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8313 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0