Паддзахадон драмон театры ацæудзæн Галуанты Людмилайы мысæн концерт

© Sputnik / Natalia Airiyan Галуанты Людмила
Галуанты Людмила - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik. Цхинвалы ацæудзæн РХИ æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Галуанты Людмилайы мысæн концерт "Тых ныл кæнæт æрмæстдæр уарзт". Уый тыххæй хъусын кæны Паддзахадон драмон театры пресс-службæ.
Концерт ацæудзæн Паддзахадон драмон театры 14 февралы.
Мысæн изæры хайад райсдзысты театры коллектив, паддзахадон ансамбль "Симд"-ы нæлгоймæгты хор, афтæ ма Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны артисттæ: Æлборты Владимир, Бекъойты Вано, Дауыраты Эдуард, Джихайты Рустам, Куымæридтаты Тенгиз, Лалыты Хъазбег, Саппиаты Зæлинæ, Хæдыхъаты Алла, Харебаты Вадим, Хаситы Сослан, Хутугты Марина æмæ æндæртæ.
Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Галуанты Людмила уыд номдзыд актрисæ, поэтесса, æппæт дуджы ирддæр минæвар.
Галуанты Людмила йæ цард снывонд кодта театрæн. Хуссарирыстойнаг драмон театры сценæйыл актрисæ равдыста дæсгай ирд фæлгонцы.
Галуанты Людмилайы уацмыстæ æмæ фæлгонцтæ зындгонд сты Ирыстоны, йе ‘мвдзæвгæтæ ахуыр кæнынц фæсивæд æмæ хистæр кары адæм дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0