https://sputnik-ossetia.com/20230215/khussar-iry-ffyldr-uydzysty-tsrnuaton-kommunalon-khdzarady-tarift-21522404.html
Хуссар Иры фæфылдæр уыдзысты Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тарифтæ
Хуссар Иры фæфылдæр уыдзысты Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тарифтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) тарифты фæдыл Уынаффæмæ, кæцымæ... 15.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-15T14:19+0300
2023-02-15T14:19+0300
2023-02-16T11:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/06/20347513_0:158:3077:1889_1920x0_80_0_0_1464d79631a5c8cef17970e2c3609c03.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) тарифты фæдыл Уынаффæмæ, кæцымæ гæсгæ 2023 азы 1 июлæй республикæйы фæфылдæр уыдзысты электроифтонгад æмæ газы æргътæ.Республикæйы экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй ЦКХ æргътæ фæфылдæр сты уæрæсейаг организациты уагъдон æргътæ кæй схызтысты, уый тыххæй.Йæ ныхæстæм гæсгæ, экономикон бындурджын тарифы фæфылдæры тыххæй схиздзæн республикæйы цæрджытæн уагъдон тариф дæр."Цхинвалы цæрджытæн уагъдон тариф фæфылдæр уыдзæн 3 сомæй 3,36 сомы онг. Республикæйы аннÆæ районты та тариф схиздзæн 2,37 сомæй 2,67 сомы онг", - загъта Тадаты Дзамболат.Министр бахахх кодта, æнгæс уавæр кæй ис газы æргътимæ дæр.Электроэнергийы тарифты ивындзинæдтæ æрцæудзæн Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы дæр, кæцы дæтты энерги куыстуаттæ æмæ хицæн организацитæн республикæйы. 1 мартæй электроэнергийы æргътæ ацы организацийæн схиздзысты 70,88 сомы бæрц – 842,76 сомæй 913,64 сомы онг. Уымæй дарддæр энергийы æргътæ фæивдзысты Цхинвалы администрацийы Цæрæнуатон-эксплуатацион конторæйæн дæр. Ацы куыстуатæн æргътæ фæфылдæр уыдзысты 879,15 сомæй 929,19 сомы онг.Хицауад æмхъæлæсæй сразы ацы ивындзинæдтæ райсыныл.
https://sputnik-ossetia.com/20230125/gagloyty-alan-radta-baramynd-gaz-m-elektroenergiyy-tarifty-tykhkhy-21129208.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/06/20347513_174:0:2903:2047_1920x0_80_0_0_81c4506c414bc7d0ac8580ed142f3a16.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинæдтæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) тарифты фæдыл Уынаффæмæ, кæцымæ гæсгæ 2023 азы 1 июлæй республикæйы фæфылдæр уыдзысты электроифтонгад æмæ газы æргътæ.
Республикæйы экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй ЦКХ æргътæ фæфылдæр сты уæрæсейаг организациты уагъдон æргътæ кæй схызтысты, уый тыххæй.
"Уагъдон аргъы фæфылдæр 1 кВт/ч республикæйæн рацыд 30 копекы – 2,50 сомæй уый фæфылдæр уыдзæн 2,80 сомы онг. Уый фæдыл 2023 азы 1 мартæй сфидар кодтам экономикон бындурджын тариф 4,23 сомы æмвæзадыл. Уый размæ уый уыд 3,87 копекы", - загъта министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, экономикон бындурджын тарифы фæфылдæры тыххæй схиздзæн республикæйы цæрджытæн уагъдон тариф дæр.
"Цхинвалы цæрджытæн уагъдон тариф фæфылдæр уыдзæн 3 сомæй 3,36 сомы онг. Республикæйы аннÆæ районты та тариф схиздзæн 2,37 сомæй 2,67 сомы онг", - загъта Тадаты Дзамболат.
Министр бахахх кодта, æнгæс уавæр кæй ис газы æргътимæ дæр.
"Экономикон бындурджын аргъ газæн республикæйы уыдзæн 6,33 сомы. Уый размæ йæ бæрцуат уыд 5,90 сомы. Цæрджытæн уагъдон тариф схиздзæн 4,51 сомæй 5,04 сомы онг. Æргътæ фæфылдæр уыдзысты ацы аз 1 июлæй фæстæмæ. Ацы Уынаффæ райсгæйæ мах æххæст кæнæм президенты барамынд раздæры æргътæ ныууадзыны фæдыл зымæгон периоды", - загъта уый.
Электроэнергийы тарифты ивындзинæдтæ æрцæудзæн Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы дæр, кæцы дæтты энерги куыстуаттæ æмæ хицæн организацитæн республикæйы. 1 мартæй электроэнергийы æргътæ ацы организацийæн схиздзысты 70,88 сомы бæрц – 842,76 сомæй 913,64 сомы онг. Уымæй дарддæр энергийы æргътæ фæивдзысты Цхинвалы администрацийы Цæрæнуатон-эксплуатацион конторæйæн дæр. Ацы куыстуатæн æргътæ фæфылдæр уыдзысты 879,15 сомæй 929,19 сомы онг.
Хицауад æмхъæлæсæй сразы ацы ивындзинæдтæ райсыныл.