Хуссар Иры фæндагон æмæ комуналон службæтæ радзырдтой митуарды фæстиуджытимæ тохы тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæндагон службæтæ сыгъдæг кæнынц республикæйы фæндæгтæ митæй, хъусын кæны Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы директор Гæбæраты Алан.
Уый банысан кодта, зæгъгæ, "Дорэкспострой"- йы кусджытæ митуарды рæстæджы фæкусынц æхсæвыгон дæр, цæмæй райсоммæ фæндæгтæ æрцæуой сыгъдæг.
"Ныридæгæн фæндаг сыгъдæгкæныны куыстыты архайынц техникæйы 12 иуæджы. Нæ кусджыты бæрнон архайды фæрцы иу районимæ дæр нæ фехæлд фæндагон бастдзинад", - загъта Гæбæраты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, районты æмæ Транскавказаг автомагистралы проблемон фарс кæй хæссынц радгæсад.
"Ручъы хъæуы сты уагдоны радгæсонтæ, ифтонг сты техникæйæ, семæ ахастой сæрмагонд буарад, цæмæй йæ уым ныккалой. Ног радгæсон къорд арвыстам Дменисмæ, уыдон ма сæ хъус дарынц трассæ Цхинвал – Ленингормæ дæр", - загъта Гæбæраты Алан.
Хуссар Ирыстоны столицæйы фæндæгтæ æмæ тротуартæ сыгъдæг кæныныл архайынц хæрзарæзтады дæлхайады кусджытæ.
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Хуссар Иры УУМ: Транскам гом у фæндагон змæлдæн
Цхинвалы администрацийы æвджид хæрзарæзтады дæлхайады хистæры хæдивæг Джиоты Филипп куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй куыстыты архайынц зæлдфæлындæн æмæ хæрзарæзтады кусджытæ иууылдæр.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, мит, фыццаджыдæр, сыгъдæг кæнынц скъолатæ, сквертæ æмæ паркты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæрзарæзтады дæлхайадмæ ис фаг тыхтæ æмæт техникон фæрæзтæ æвзæр боныгъæды фæстиуджытимæ тох кæнынæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0