Мадæлон æвзаджы æхсæнадæмон бон: цы фæндæгтыл рацыд ирон æвзаджы фыссынад

© WikipediaМадæлон æвзаджы æхсæнадæмон бон: цы фæндæгтыл рацыди ирон æвзаджы фыссынад
Мадæлон æвзаджы æхсæнадæмон бон: цы фæндæгтыл рацыди ирон æвзаджы фыссынад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2023
Рафыссын
"Афтæ ма мæ хъæуы равзарын алфавит кæнæ уырыссаг, кæнæ гуырдзиаг. Ирон адæмы фидæныл хъуыдыгæнгæйæ, афтæ ма дыууæ алфавит дæр чи зоны уыдон, сæхи фæндиагмæ гæсгæ, уырыссаг фыссынадмæ кæй сты æмхиц, аскъуыдзаг кодтон бæрæг æнтыстытыл зæрдæ даргæйæ, райсын бындурæн уырыссаг алфавит."
Андрей Шегрен.
1999 азæй фæтæмæ ЮНЕСКО барамындæй æрвылаз дæр 21 февралы дунейы нысан кæнынц Мадæлон æвзаджы æхсæнадæмон бон. Йæ сæйраг нысан у чысыл адæмыхаттытæн се ᾿взаг бахъахъхъæнын. Æвзаг бавæрын æмæ райрæзыны хъуыдаджы та фыццаджыдæр æнæмæнгхъæуæг у фыссынад.
Ирон адæмы фыссынады истори рацыд бирæ цæлхдуртыл æмæ баййæфта бирæ ивындзинæдтæ йæ фæзындæй фæстæмæ.
XVIII æнусы æрдæджы онг ирон фыссынадыл цы бæрæггæнæнтæ уыд, уыдон, иуæй уыдысты хæрз цъус æмæ къуындæг, иннæмæй та фыст уыдысты грекъаг, гуырдзиаг æмæ арабаг дамгъæтæй зæронд дзуæрттæ, дзæнгæрджытæ, зæронд аргъуаны къултæ æмæ марды дуртыл, фæлæ уыдон фыссынады фæзындæн ницы ахъаз фесты.
1761 азы Мæздæджы баконд æрцыд скъола, цы ран ахуыр кодтой ирон сывæллæттæ, цæмæй ахуыр куы фæуыдаиккой, уæд сæ бон уыдаид ирон мадæлон æвзагыл чырыстон дин пырх кæнын. Фæлæ ирон æвзагыл фыссынад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ ахуыр цыдис уырыссаг æвзагыл, æмæ сын ирон æвзагыл дин пырх кæнынæн ницы эффект лæвæрдта. Уыцы аххосæгтæм гæсгæ паддзахы хицауады бахъуыд ирон чиныг саразыны сæр, æмæ цæмæй ирон чиныг фæзындаид, уый тыххæй та æппæты фыццаг дамгъуат-алфавит саразын хъуыд. 1785 азы Мæздæджы аргъуаны ирон духовон къамисы уæнгæй куыста архимандрит Тæкъаты Гай. Гай сарæзта фыццаг ирон дамгъуат аргъуан-славянаг алфавиты бындурыл.
XIX æнусы фыццаг æрдæджы 1819 азты бирæ рæстæджы цæттæ кæныны фæстæ Æгъуызаты Иуане гуырдзиаг графикæ "хуцурийы" бындурыл сарæзта алфавит. Уыцы алфавиты бындурыл ирон æвзагмæ тæлмац цыдысты гуырдзиаг динахуырады чингуытæ.
Цæгат Иры æвзарынц ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Цæгат Иры æвзарынц ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы
XIX-æм æнусы 30–40 азты зонадон æгъдауæй ирон æвзагыл бакуыста академик Андрей Шегрен. 1844 азы Петербурджы рацыдис фыццаг "Ирон грамматикæ", цы ран лæвæрд æрцыдис ирон алфавит дæр. Андрей Шегрен ирон алфавиты бындуры æрæвæрдта уырыссаг æмбæстагон графикæ.
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Шегрены алфавиты кæд уыдис хъæндзинæдтæ, уæддæр ын зонадон нысаниуæг дæр уыдис. Фыццаджы дæр пайдагонд æрцыд динон чингуытæ тæлмац кæнынæн. 1848 азы ацы алфавитыл мыхуыры фæзынд Стыды чиныг (псалтырь). Уый фæстæ та 1859 азы ирон æвзагыл тæлмацæй фæзынд Евангели æмæ æнд.
Ирон графикæ саразыныл стыр куыст бакодта уырыссаг академик В. Миллер. Всеволод Миллер дæр Шегренау ирон алфавиты бындуры æрæвæрдта уырыссаг алфавит, иуæй уымæн, æмæ ирон дамгъуат 40 азы дæргъы уæвынад кодта уырыссаг алфавиты бындурыл, æмæ йыл мыхуыры фæзындис къорд чиныджы.
1880 азы ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста йе ʻмдзæвгæтæ фыссын райдыдта Шегрен æмæ Миллеры алфавитыл, фæлæ, уыйæмрæстæджы, хуыздæр кодта уыцы алфавиты дæр. "Ирон æвзаджы къамисмæ" фыссы, зæгъгæ, ирон æвзаджы алфавиты ис цалдæр мыры, кæцытæ не сты уырыссаг æвзаджы, уыдонæй ирон æвзаджы æртæйæн ис сæрмагонд нысæнттæ к, п, т, иннæтæн та сæ сæрмæ нысан хъæуы, зæгъæм, сæг – сажа, сæг – коза, кæй – чей, кæй – каменная плита, цæхх – соль, цæх – серый. Тох кодта, цæмæй алфавиты ирон къ, пъ, тъ, цъ, чъ-йæн лæвæрд æрцæуа сæхи сæрмагонд дамгъæтæ.
1917 азы уыдис Дзæуджыхъæуы 1-аг ахуыргæнджыты сънзд. Съезды бакуыстой æмæ райстой ног алфавит, йæ бындуры йын æрæвæрдтой уырыссаг графикæ. Уырыссаг дамгъæтимæ хæццæйæ лæвæрд цыдысты латинаг дамгъæтæ дæр. Бакуыстой йыл куыд Цæгат Иры, афтæ Хуссар Иры дæр æмæ йæ райстой бындуронæй 1923 азы.
ПТРК ИР рауагъта ног проект Дзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2023
ПТРК "ИР" рауагъта ног проект "Дзырд"
Уыцы азты Хуссар Ирыстоны та латинаг алфавит ивд æрцыдис гуырдзиаг графикæйы бындурыл. Уый уыдис рæдыд хъуыды, иуæй Цæгат Ир æмæ Хуссар Ир кæрæдзийы фыссынад нал æмбæрстаиккой, иннæмæй та Хуссар Иры скъолаты ахуыр кодтой æртæ алфавитыл æмæ уый зындзинад лæвæрдта сывæллæттæн. Уыцы алфавит, ома гуырдзиаг графикæйы бындурыл арæзт алфавит фæкуыста 1954 азмæ. 1954 азы Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг графикæ ивд æрцыд уырыссаг графикæмæ, афтæ æмæ Хуссар Ирыстон дæр æнæивгæйæ, райстой Цæгат Ирыстоны цы алфавит райста, уырыссаг графикæйы бындурыл, уый.
Уæдæй фæстæмæ ирон фыссынадæн ныффидар иумæйаг алфавит уырыссаг графикæйы бындурыл.
Мадæлон æвзаджы æхсæнадæмон бон æппæт адæмæн сæ зæрдыл дарын кæны алы æвзагæн дæр йæхи бынат кæй ис, зынаргъ æмæ ахсджиаг кæй у. Алы адæмыхаттæн дæр у йæ бындурон уникалондзинад равдисыны амал, хъæуы йæ хъахъхъæнын æмæ æппæт тыхтæ дæттын йæ райрæзыны хъуыддагæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0