Мариинаг театры сценæйыл Дзæуджыхъæуы ацыд "Александр Невский" оперæйы премьерæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиДзæуджыхъæуы паддзахадон филармони
Дзæуджыхъæуы паддзахадон филармони - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры филиалы Оперæ æмæ балеты театры сценæйыл ацыд Грайр Ханеданьяны оперæ "Александр Невский"-ы премьерæ.
Оперæйы равдысты хайад райстой æвзонг оперон зарæггæнджыты Академийы, Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры филиалы хор æмæ симфонион оркестры солисттæ.
"Уырыссаг хъайтары фæдыл оперæ фыст æрцыд Рагон Уырысы номдзыд æфсадфæтæг æмæ паддзахадон архайæг Александр Невскийы 800 азы юбилеймæ", - дзырдæуы театры пресс-службæйы хъусинаджы.
Равдысты автор у Узбекистан æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, композитор, профессор Грайр Ханеданьян.
Ацы аз Дзæуджыхъæу ссис оперæ "Александр Невский"-ы премьерон равдыстыты æртæ уæрæсейаг фæзуатæй иу. Фæстæдæр гастролон тур адарддæр уыдзæн Санкт-Петербург æмæ Псковы.
Ног хабӕртты лентӕ
0