Хуссар Иры фæндагон службæтæ æрвыл суткæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ митæй

© Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Иры фæндагон службæтæ æрвыл суткæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ митæй
Хуссар Иры фæндагон службæтæ æрвыл суткæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ митæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мар – Sputnik, Гæбæраты Элина. Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы директор Гæбæраты Алан радзырдта Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл уавæры тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæндагон службæтæ æрвыл суткæ сыгъдæг кæнынц фæндæгтæ митæй.
Уый банысан кодта, Транскамы хуссарирыстойнаг фарсыл кæй ныккалдтой сæрмагонд буарад, фæлæ зæйтæ арæх кæй æрцæуынц, уый фæдыл уавæр стабилон нæу.
"Нæ кусджытæ зæйы фæстиуджытæ куы аиуварс кæнынц, уæд та ног æрцæуы. Ныр дæр та æрцыдысты зæйтæ трассæмæ, мах та архайæм сæ аиуварс кæныныл" - загъта Гæбæраты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Транскам кæд бакæной, уæддæр æввахс бонты дæргъы Дзæуджыхъæумæ цæуын нæ рекомендаци кæнынц. Уый æрсидт æмбаргæ ахаст дарын уавæрмæ.
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2023
Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскам сыгъдæг кæнынмæ – УУМ
Уымæй дарддæр куыстуаты директор радзырдта, знон Синагуры районы кæй æрцыдысты дыууæ зæйы, кæцытæ фæндагон службæтæ уайтагъд асыгъдæг кодтой.
"Фæндагон бастдзинад сцалцæг кодтам Синагуры хъæуимæ, афтæ ма фадат ис бацæуын Теделет æмæ Карзманы хъæутæм. Зæй сæхгæдта Гуфта-Къуайса фæндаг дæр Хъемулта цæрæн пункты районы, уый дæр мах расыгъдæг кодтам. Ноджы ма зæйтæ æрцыдысты Дзомагъы дæр, уыдон аиуварс кæнынмæ бавналдзысты æввахс рæстæджы", - радзырдта Гæбæраты Алан.
Хуссар Ирыстоны УУМ фехъусын кодтой, нырма сæ бон кæй нæу зæгъын, кæд бакæндзысты фæндаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0