https://sputnik-ossetia.com/20230322/khussar-iry-parlament-sfidar-kodta-urseyy-paddzakhadon-dumim-badzyrd-22083605.html
Хуссар Иры парламент сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ бадзырд
Хуссар Иры парламент сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ бадзырд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент æртыццæджы сессийыл сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ бадзырды проект. 22.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-22T12:01+0300
2023-03-22T12:01+0300
2023-03-22T12:01+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/763/23/7632318_0:367:2229:1621_1920x0_80_0_0_83c94aee5be4a1e80eb5267d4381ff1f.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент æртыццæджы сессийыл сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ бадзырды проект.Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза банысан кодта, документы дырысæй кæй сбæрæг кодтой, цы фадгуыты æмгуыстад кæндзысты дыууæ бæстæйы закондæттæг органы."Парламентон æмгуыстады актуализаци здæхт у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дыууæварсон ахастытæ рауæрæх кæнынмæ политикон, барадон, социалон-экономикон, гуманитарон æмæ æдасдзинады фадгуыты", - загъта депутат.Парламент спикер Æлборты Алан дæр банысан кодта бадзырды ахсджиагдзинад. Уый зæрдыл æрбалæууын кодта, аналогион документ кæй бафыстæуыд 2013 азы, фæлæ органты æхсæн æмархайд кæй нæ бакодтой практикон æгъдаумæ.Бадзырд бафыссыны датæ нырма бæрæг нæу.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/763/23/7632318_164:0:2835:2003_1920x0_80_0_0_ffe82a37b4e3bcbaf6c108f8bc0acda1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры парламент сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ бадзырд
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент æртыццæджы сессийыл сфидар кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæимæ бадзырды проект.
Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза банысан кодта, документы дырысæй кæй сбæрæг кодтой, цы фадгуыты æмгуыстад кæндзысты дыууæ бæстæйы закондæттæг органы.
"Парламентон æмгуыстады актуализаци здæхт у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дыууæварсон ахастытæ рауæрæх кæнынмæ политикон, барадон, социалон-экономикон, гуманитарон æмæ æдасдзинады фадгуыты", - загъта депутат.
Парламент спикер Æлборты Алан дæр банысан кодта бадзырды ахсджиагдзинад. Уый зæрдыл æрбалæууын кодта, аналогион документ кæй бафыстæуыд 2013 азы, фæлæ органты æхсæн æмархайд кæй нæ бакодтой практикон æгъдаумæ.
"Мах фæнды, цæмæй Федерацийы Советимæ иумæйаг къамисæй дарддæр, архайа Паддзахадон Думæимæ æмгуыстады фæдыл къамис дæр. Цæмæй ацы фæзуатыл дæр дзырд цæуа Хуссар Ирыстоны фарстытыл", - загъта спикер.
Бадзырд бафыссыны датæ нырма бæрæг нæу.