https://sputnik-ossetia.com/20230322/khussar-iry-parlamenty-bakodtoy-administrativon-brndzinad-veypt-vryny-tykhkhy-22084177.html
Хуссар Иры парламенты бакодтой административон бæрндзинад вейптæ æвæрыны тыххæй
Хуссар Иры парламенты бакодтой административон бæрндзинад вейптæ æвæрыны тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинæдтæ электронон тамакоты æрбаласт, рауагъдад, парахат æмæ реализацийыл... 22.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-22T13:19+0300
2023-03-22T13:19+0300
2023-03-22T13:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/07/18733308_0:0:1028:579_1920x0_80_0_0_1216940dbdc62bcc95cd67e1d936d393.jpg
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинæдтæ электронон тамакоты æрбаласт, рауагъдад, парахат æмæ реализацийыл тобæйы фæдыл законмæ. Абоны боны онг законмæ гæсгæ бæрндзинад нæ парахат кодта электронон тамакотæ æвæрыныл.Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, бирæ амалиуæггæнджытæ пайда кодтой законы ацы лыстæгдзинадæй.Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæппæрис бахаста Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад.Уымæй дарддæр фæфылдæр уыдзысты ивартæ дæр закон фехалджытæн. Æмбæстæгтæ, кæцытæ парахат æмæ реализаци кæнынц электронон тамакотæ, ивар кæндзысты 30-æй 40 мин сомы онг. Амалиуæггæнæн куыст чи кæны æнæ юридикон гоймагдзинадæй, уыдон та бафиддзысты ивар 50-йæ 100 мин сомы онг, юридикон гоймæгтæ та – 50-йæ 200 мин сомы онг.Вейптæ æвæрыны тыххæй æмбæстæгты ивар кæндзысты æртæйæ аст мин сомы онг, амалиуæггæнджыты та 40-æй 80 мин сомы онг.Закон ист æрцыд фыццаг бакасты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/07/18733308_89:0:946:643_1920x0_80_0_0_4001fdef4f8ad90c2b4d3e2d3a057af7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры парламенты бакодтой административон бæрндзинад вейптæ æвæрыны тыххæй
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинæдтæ электронон тамакоты æрбаласт, рауагъдад, парахат æмæ реализацийыл тобæйы фæдыл законмæ. Абоны боны онг законмæ гæсгæ бæрндзинад нæ парахат кодта электронон тамакотæ æвæрыныл.
Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, бирæ амалиуæггæнджытæ пайда кодтой законы ацы лыстæгдзинадæй.
"Закон æххæстæй не скуыста. Мах уынæм, ацы вейптæ уæддæр кæй уæй кæнынц. Ис куырдиæттæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæй, кæцыты тыхсын кæны, сывæллæттæ сæ кæй пайда кæнынц", - загъта æнæниздзинад хъахъхъæнынады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæппæрис бахаста Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад.
Уымæй дарддæр фæфылдæр уыдзысты ивартæ дæр закон фехалджытæн. Æмбæстæгтæ, кæцытæ парахат æмæ реализаци кæнынц электронон тамакотæ, ивар кæндзысты 30-æй 40 мин сомы онг. Амалиуæггæнæн куыст чи кæны æнæ юридикон гоймагдзинадæй, уыдон та бафиддзысты ивар 50-йæ 100 мин сомы онг, юридикон гоймæгтæ та – 50-йæ 200 мин сомы онг.
Вейптæ æвæрыны тыххæй æмбæстæгты ивар кæндзысты æртæйæ аст мин сомы онг, амалиуæггæнджыты та 40-æй 80 мин сомы онг.
Закон ист æрцыд фыццаг бакасты.