Культурæйы министрады радзырдтой Абхазы культурæйы бонты фæдыл мадзæлтты тыххæй Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянХетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр
Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны апрелы райдианы ацæудзысты Абхазы Культурæйы бонтæ. Республикæйы культурæйы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй мадзæлттæ райдайдзысты 5 апрелы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.
Республикæмæ æрцæудзысты дыууæ аивадон коллективы Абхазæй: Абхазаг драмон театры труппæ æмæ Абхазы кафт æмæ зарды Паддзахадон ансамбль. Авиадон делегацийы сæргъ лæудзæн Абхазы культурæйы министр Даур Кове.
"Абхазы культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны бакæндзысты 18.00 сахатыл Паддзахадон драмон театры. Абхазы паддзахадон фæсивæдон театр бавдисдзæн кæсджытæн спектакль "Третий день войны" абхазаг адæмон фыссæг Шалодий Аджинджалы радзырдты мотивтæм гæсгæ", - банысан кодтой культурæйы министрады.
Æхсæзæм апрелы ацæудзæн Абхазы культурæйон бонтæ сæхгæныны фæдыл бæрæгбонон церемони.
"Программæйы фæлгæтты концертимæ ралæудзысты Республикæ Абхазы кафт æмæ зарды Паддзахадон ансамбль æмæ абхазаг эстрадæйы артисттæ - Хиблы Мукба, Анзора Адлейба, Джимми Шумения, Авто Конджария, Артура Лакрба. Майдзал райдайдзæн 18.00 сахатыл", - банысан кодтой министрады.
Мадзалмæ билеттæ фæзындзысты театры кассæйы 30 марты.
Ног хабӕртты лентӕ
0