Хуссар Иры хъæуы тобæ сæвæрын "Габапентин"-ыл æнæмедицинон нысæнттæн – вице-спикер

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хъæуы тобæ сæвæрын "Габапентин"-ыл æнæмедицинон нысæнттæн
Хуссар Иры хъæуы тобæ сæвæрын Габапентин-ыл æнæмедицинон нысæнттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik. Фæстаг рæстæджы "Габапентин"-æй æнæмедицинон нысæнтты арæхдæр кæй райдыдтой пайда кæнын, уый фæдыл ацы хос популярон ссис наркотиктæй пайдагæнджыты æхсæн Хуссар Ирыстоны, уый фæдыл ыл хъæуы сæвæрын тобæ, радзырдта Sputnik республикæйы парламенты вице-спикер Плиты Александр.
"Ацы буарад фæстаг рæстæджы популярон ссис республикæйы фæсивæды æхсæн. Наркомантæ дзы арæх пайда кæнынц. Хъыгагæн, ныртæккæ ацы буарад республикæйы территорийыл тобæгонд нæу. Республикæйы цæрджытæй нæм бирæ куырдиæттæ кæй æрбацыд, уый фæдыл мах аскъуыддзаг кодтам, "Габапентин"-æй æнæмедицинон нысæнтты пайда кæныныл кæй хъæуы сæвæрын тобæ", - радзырдта Плиты Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Габапентин" æнæмæнгхъæугæ у бирæ рынчынтæн, кæцытæ бавзæрстой инсульт. Уый фæдыл, вице-спикеры ныхæстæм гæсгæ, аскъуыддзаг кодтам бакусын фарстыл, цæмæй ацы буарад фыст цæуа медицинон нысæттæн рецептмæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0